09 января 2013, 09:42
Балтайы кадджын парадæй байгом грекъаг-римаг хъæбысхæстæй турнир юниорты `хсæн
Йæ саразыныл бацархайдтой бынæттон цæрджытæ. Ерыстæ цыдысты 5 уæзы.
Йæ саразыныл бацархайдтой бынæттон цæрджытæ. Ерыстæ цыдысты 5 уæзы. Скъолайы спортивон залы сæ хъарутæ æвзæрстой фидæны спорсментæ æмæ равдыстой иттæг хорз цæттæдзинад. Турнир арæзт æрцыд Уæрæсейы сгуыхт тренер Гуыцмæзты Роберты приз рамбулыныл. Йæ рæстæджы уый спорты бæрзæндтæм систа олимпаг хъæзтыты чемпион Бæройты Хасаны. Уæвгæ грекъаг-римаг хъæбысхæсты хистæр кары спортсментæ се ппæт дæр сты йæ хъомылгæнинæгтæ.
темæмæ гæсгæ




