филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 среда, 17 декабря 2025
02 февраля 2018, 13:00
Банкты пластикон картæтыл сæ фæрæзтæ дарын бирæтæ нымайынц æдасыл

Фæлæ, хъыгагæн, адæмы электрон хыгъдтæм дæр фыдгæнджытæ бацыбæл вæййынц. Æнцонтæй базонынц æдасдзинады парольтæ æмæ кодтæ.

Банкты пластикон картæтыл сæ фæрæзтæ дарын бирæтæ нымайынц æдасыл
Банкты пластикон картæтыл сæ фæрæзтæ дарын бирæтæ
нымайынц æдасыл. Фæлæ, хъыгагæн, адæмы электрон хыгъдтæм дæр фыдгæнджытæ
бацыбæл вæййынц. Æнцонтæй базонынц æдасдзинады парольтæ æмæ кодтæ. Цы
схемæтæй спайда кæнынц, уыдон хатгай тынг зын сбæрæг кæнæн вæййынц. Куыд
бахъахъхъæнæн ис, зæрдиаг фæллойæ кæй бакуыстай, уыцы æхца, уый тыххæй
радзурдзæн Хъайтыхъты Фатимæ.
Банчы картæтæ æви æхца. Ныртæккæ
адæмæн сæ фылдæр хай се æхцайы фæрæзтæ æвæрынц банчы картæты, афтæмæй
сæм зæрдæ къаддæр æхсайы. Картæйæ æхца адавын зындæр у. Фæлæ афтæ дæр
рауайы, æмæ картæты хицæуттæ сæхæдæг феххуыс кæнынц картæтæй æхца
адавынмæ. Ахæм хабар рауад Любæимæ дæр.
Люба куыд зæгъы, уымæ гæсгæ,
æнцонæй баууæндыд, йæхи æлхæнæг чи схуыдта, ууыл. Бирæ хæттыты
фехъуыста Любæ, арæх кæй сайынц адæмы. Фæлæ, хъыгагæн, уæддæр бахауд зын
уавæры. Сайæгойтæ цы митæ кæнынц, уый схуыдтой социалон инженери.
Фыдгæнджытæ æрбарвитынц адæймаджы телефонмæ хъусынгæнинаг, сæхи схонынц
алыхуызон службæты минæвæрттæ. Иуæй-иутæ ма сæроль тынг хорз дæр
ахъазынц. Хуыбаты Хъазыбеджы ма чысыл хъуыди, æмæ бахаудаид фыдгæнджыты
сайды уацары. Афтæмæй фесæфтаид егъау æхцайы фæрæзтæ.
Фыдгæнджытæ
спайда кæнынц, æнцон баууæндæн кæуыл у, ахæм схемæтæй. Дæнцæгæн,
зæгъдзысты ома, уæ номыл байгом кæнæн ис кредит, кæнæ уын, цы балхæдтат,
уымæн æхца фæстæмæ раздахдзысты, кæнæ та уæ хъалон фылдæр фыст фæцис,
æмæ ма уын фæстæмæ æхца раттын æмбæлы.
Цæмæй æхца картæйæ мацы фæуой, уый тыххæй хъæуы зонын хуымæтæг фæтк.

Компьютертæ
æмæ смартфонтæ кæмæ ис, уыдонæн дæр тæссаг у фыдгæнджытæй. Электрон
адрисмæ арæх æрбацæуынц зианхæссæг файлтæ. Фыдгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ,
адæймаг фегом кæны, цы æрбарвыстой, уый, æмæ компьютермæ бахаудзæн
системæхалæг программæ. Æхцайы фæрæзтæ адæймаг фесафы, Интернеты руаджы
исты куы фелхæны, уæд. Банчы картæтæ кæмæ ис, уыдонæй æхцатæ расайынц
Интернеты сайттыл, хонынц сæ халдихтæ. Уыцы сайттæ вæййынц æцæг сайтты
тæккæ хуызæн, æмæ сайд зын бамбарæн вæййы. Адæймаг цы балхæдта, уый йæ
къухы нæ бафтдзæн, æмæ ма йе хца дæр фесафдзæн. Фыдгæнджытæ картæйæ æхца
куы расайой, уæд сæ банчы хъуамæ фæстæмæ барвитой сæ хицаумæ. Кæд
адæймаг йæхæдæг нæ феххуыс кодта фыдгæнджытæн, уæд.

Хъайтыхъты Фатимæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania