филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:10 воскресенье, 14 декабря 2025
19 августа 2025, 10:38
Барад хъахъхъæныныл æмæ æдасдзинадыл ныхас цыд Уæрæсейы гвардийы Управленийы æмбырды

Стыр æргом аздæхтой ахуыры азы райдианмæ, Беслæны саударæн бонты, стæй хъæлæс кæныны Иумæйаг боны æдасдзинадмæ

Барад хъахъхъæныныл æмæ æдасдзинадыл ныхас цыд Уæрæсейы гвардийы Управленийы æмбырды. Стыр æргом аздæхтой ахуыры азы райдианмæ, Беслæны саударæн бонты, стæй хъæлæс кæныны Иумæйаг боны æдасдзинадмæ. Æмбырд амыдта Управленийы хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дмитрий Подвысоцкий. Структурон дæлхайæдты разамонджытæ скодтой доклад, ведомство республикæйы территорийы барад хъахъхъæнынмæ куыд цæттæ сты, уый тыххæй. Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег ахуырады министрады раз сæвæрдта хæс: Уæрæсейы гвардийы кусджыты амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ бæстон цæст æрдарын. Дмитрий Подвысоцкий æмбырдæн скодта хатдзæгтæ, æмæ снысан кодта дарддæры куысты пълан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania