18 марта 2014, 11:04
Барадхъахъхъæнджытæ домынц Зæрæмæджы ГЭС-ы директор Тотраты Виталийы хъуыддаджы слестмæ бæлвырддæрæй æркæсын
Уæрæсеаг бизнес-омбудсмен Борис Титов курдиат арвыста генералон прокуратурæмæ, слест цæмæн ныддæргъвæтин, уый базоныны тыххæй сæрмагонд мадзæлттæ саразын. Уæ зæрдыл уын æй
Уæрæсеаг бизнес-омбудсмен Борис Титов курдиат арвыста генералон прокуратурæмæ, слест цæмæн ныддæргъвæтин, уый базоныны тыххæй сæрмагонд мадзæлттæ саразын. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, «РусГидро»-йы гом акционерон æхсæнад «Зæрæмæджы ГЭС»-ы разамындыл уголовон хъуыддаг байгом кодтой цæстфæлдахæн миты тыххæй.
Амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй Тотраты Виталийы ныхмæ бæлвырд æрмæг нæ равдисгæйæ пъæлицæйы кусджытæ директорæн йæ хæдзары æмæ куысты кæнынц агурæн сгарæн мадзæлттæ. Уголовон хъуыддаг кæй байгом кодтой, уый Тотраты Виталий растыл нæ нымайы, æмæ йæ хъаст бахаста республикæйы амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг службæмæ.
темæмæ гæсгæ




