филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:55 воскресенье, 19 мая 2024
28 октября 2013, 16:59
Барадхъахъхъæныны ахсджиаг фарстатæй цалдæрмæ æркаст паддзахадон æмæ бынæттон хицаудзинады органты æмгуыстады сæрмагонд къамис

Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Уголовон кодексы ис статья, æмæ уымæ гæсгæ наркоманийæ рынчын фыдгæнджытæн, ахæстоны сбадын кæныны агъоммæ, бар ис наркоманийæ сдзæбæх кæнынæн.

Барадхъахъхъæныны ахсджиаг фарстатæй цалдæрмæ æркаст паддзахадон æмæ бынæттон хицаудзинады органты æмгуыстады сæрмагонд къамис
Барадхъахъхъæныны ахсджиаг фарстатæй цалдæрмæ æркаст паддзахадон æмæ бынæттон хицаудзинады органты æмгуыстады сæрмагонд къамис. Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Уголовон кодексы ис статья, æмæ уымæ гæсгæ наркоманийæ рынчын фыдгæнджытæн, ахæстоны сбадын кæныны агъоммæ, бар ис наркоманийæ сдзæбæх кæнынæн. Ахæм уынаффæ хъуамæ рахæсса тæрхондон. Æмбырды архайджытæ уый фæдыл æрдзырдтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæттимæ æмгуыстады фарстатыл. Бæстон ныхас уыд, фыдракæндтæ къаддæр кæныныл районты цы куыст цæуы, ууыл. Фылдæр æргом раздæхтой дзыллон мадзæлттæ аразыны домæнтæм, цæмæй адæмы æдасдзинад хуыздæр хъахъхъæд уа.

Боны фæткы фарстатæй иу баст уыд ахуырады къабазимæ. Æрдзырдтой скъоладзауты æдасдзинадыл. Уыцы хæстæ скъолаты хъуамæ æххæст кæной директорты хæдивджытæ. Ацы домæн уал сæххæст кодтой Æрыдоны æмæ Дыгуры районты. Ахуырады министрад дарддæр кусдзæн ацы фарстайыл. Хæстæгдæр рæстæг республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуа егъау мадзал «Цæрæн сектор», зæгъгæ. Йæ нысан у цæрæн бынæтты фыдракæндты профилактикæ.

Зæнгионты Виталий, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг: «Фыдракæндтæ цæуынц районты æмæ се ‘ппæт нæ рабæрæг вæййынц. Цæмæй барад хъахъхъæнджытæ хуыздæр кусой, уыцы хæстæ сæ размæ æвæрд цæуынц, фæлæ ма æхсæнад дæр хъуамæ куса. Профилактикæ хъæуы, цæмæй фыдракæндтæ ма цæуа. Адæмæн æмбарын кæнын хъæуы, цард хуыздæр куыд у, уый. Бирæ фыдракæндтæ æрцыд Æрыдоны районы æмæ Мæздæджы районы, горæты. Æмæ абон бацархайдтам профилактикон куыст фæхуыздæр кæныныл».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania