филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:19 воскресенье, 01 февраля 2026
11 декабря 2019, 18:07
Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ Дзæуджыхъæуы баурæдтой, зондахастыл æвзæрырдæм чи ахады, ахæм хосты æнæзакъон зилдух

Фыдгæнджыты къорды архайджытæй иуы хæдзары ссардтой 120 таблеткæйы трамадол

Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ Дзæуджыхъæуы баурæдтой, зондахастыл æвзæрырдæм чи ахады, ахæм хосты æнæзакъон зилдух. Фыдгæнджыты къорды архайджытæй иуы хæдзары ссардтой 120 таблеткæйы трамадол, стæй 10 дозæйы фаг героин. Хъавыдысты сæ ауæй кæнынмæ, стæй дзы сæхæдæг дæр  кодтой пайда. Оперативон кусджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй, кæй æрцахстой, уыдонæн амæй размæ дæр сæ хъуыддаг уыди тæрхондоны. Республикæйы парахат кодтой трамадол, сæхæдæг сæ-иу радтой заказгæнæгмæ. Ныртæккæ сты ахст. Байгом кодтой авд уголовон хъуыддаджы. Гæнæн ис, æмæ ма сыл бафтдзæн ноджыдæр æртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania