филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 вторник, 16 декабря 2025
07 февраля 2013, 17:19
Барадон æгъдаухалæг адæймаджы, гæнæн ис, æмæ нал бауаддзысты спортивон хъазтмæ

Æдæппæтæй боны фæткмæ хаст æрцыд 40 фарстайæ фылдæр. Сæ иу арæзт уыд мæнг къайад фидаргæнджыты ныхмæ.

Барадон æгъдаухалæг адæймаджы, гæнæн ис, æмæ нал бауаддзысты спортивон хъазтмæ. Абон Цæгат Ирыстоны парламенты Советы депутаттæ сразы сты ацы закъоны проектимæ.

Æдæппæтæй боны фæткмæ хаст æрцыд 40 фарстайæ фылдæр. Сæ иу арæзт уыд мæнг къайад фидаргæнджыты ныхмæ. Закъоныпроекты авторты хъуыдымæ гæсгæ ахæм адæмыл хъæуы уголовон хъуыддаг гом кæнын. Ноджы ма Советы уæнгтæ сразы сты Татарстаны депутаттимæ. Сæ фæнд у, цæмæй газы хæтæлтæ, нефть æмæ энергон хызæгтæй æвастæй чи пада кæны, уыдоны ивар 2 хатты фæфылдæр уа.

Фæлæ растыл нæ банымадтой, хъæуы цæрæг бинонтæн 3-аг сывæллон куы райгуыра, уæд сын зæххы хай раттыны закъон. Цæгат Ирыстоны депутатты хъуыдымæ гæсгæ 3-аг сывæллон райгуыры, ныййарджытыл 30 азæй фылдæр куы сæххæст вæййы, уæд. Ахæм бинонтæ та æрыгоныл нымад нæ цæуынц, уымæ гæсгæ ацы закъоныпроектыл нырма хъæуы бакусын.

Парламент ма фæсидт Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы сæрдар Сергей Нарышкинмæ æмæ Советы Федерацийы сæрдар Валентина Матвиенкомæ, цæмæй фидаргонд æрцæуа закъон, кæцы дзуапп дæтдзæн бæлцæттæ ласыны домæнтæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania