30 декабря 2022, 11:14
Бархионты отряд «Алани»-йы æппæты æрыгондæр æфсæддон Остъаты Рустамæн лæвæрд æрцыд «Ирыстоны Намысы» майдан
Кадджын уавæры йын æй радта Сергей Меняйло, волонтертимæ фембæлды рæстæг
Бархионты отряд «Алани»-йы æппæты æрыгондæр æфсæддон Остъаты Рустамæн лæвæрд æрцыд «Ирыстоны Намысы» майдан. Кадджын уавæры йын æй радта Сергей Меняйло, волонтертимæ фембæлды рæстæг. Регионы разамонæг ма премитæ радта бархионты змæлды архайджытæн. Афтæ хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы разамонæг Хъуысаты Амырханæн хæрзиуæг лæвæрд æрцыд номинаци «Бархионты хуыздæр оргнаизаци»-йы. Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады координатор Мæргъиты Жаннæ та нымад æрцыд бархионты организацийы хуыздæр разамонæгыл. Ирвæзынгæнджыты Æппæтуæрæсеон студентон корпусы активист Малиты Ермак та райста бархионты змæлды архайæджы преми.
темæмæ гæсгæ




