10 декабря 2015, 12:15
Басаты Барис байгом кодта регионалон форум «Цæгат Кавказы фæсивæд терроры ныхмæ»
Дыууæ боны Цæгат Кавказы фæсивæд сæ хистæртимæ ныхас кæнынц ахсджиаг фарстатыл. Сæ иу, цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæры радикалон рæнхъытæм ма басайой.
«Цавæр фæсивæд схъомыл кæнæм, ахæм фидæн нæм æнхъæлмæ кæсы». Ахæм ныхæстæй æппæт адæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Басаты Барис байгом кодта регионалон форум «Цæгат Кавказы фæсивæд терроры ныхмæ». Дыууæ боны Цæгат Кавказы фæсивæд сæ хистæртимæ ныхас кæнынц ахсджиаг фарстатыл. Сæ иу, цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæры радикалон рæнхъытæм ма басайой. Уый тыххæй докладтæ бакастысты Цæгат Кавказы уæлдæр ахуыргæннæдæтты разамонджытæ, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон организициты минæвæрттæ. Форумы архайы 700 адæймаджы. Уыдон канд Ирыстонæй не сты, фæлæ Стъарапъолы, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны республикæтæй. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы номæй сын раарфæ кодта хицауады сæрдары хæдивæг Огъуаты Алан. Форумы ныхас цыд фæсивæды хъомыладон куыстыл, фыдæлты традицитыл æмæ Кавказы цæрæг адæмты иудзинадыл. Стыр æргом аздæхтой рæзгæ фæлтæры радикалон хъæуыддæгтæй бахизыны тыххæй профилактикон фарстатæм. Форум йæ куыст фæуыдзæн абон, цы уынаффæтæ рахæссой, уыдон хъæудзæн царды æххæст кæнын. Ахæм у «Иры стыр ныхас»-ы æмæ национ ахастдзинæдты фарстаты министрады фæтк. Уыдоны хъæппæрисæй арæзт æрцыд ацы æмбырд.
Моргуаты Эдислав, Республикæйы «Стыр ныхас»-ы координацион Советы уæнг: «Æппæты разæй, мæнмæ гæсгæ куысты бынæттæ хъæуы саразын. Ахуырдзаутæн арæхдæр дзурын хъæуы æгъдау, пълан, цæмæй ирон адæм сæ гаччы сбадойфæстæмæ. Уымæн æмæ нæм стыр бирæ рæдыддзинæдтæ ис.
Габолаты Зауырбег, «Стыр Ныхас»-ы фæсивæдон комитеты сæрдар: «Нæхæдæг æй уынæм, Уæрæсейы, канд Цæгат Кавказы нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы цы змæстытæ цæуы. Экстремисттæ чи чты, уыдон куыд тых кæныц фæсивæдыл æмæ сæ раст фæндагæй галиуырдæм куыд здахынц, уый уынæм æмæ махæн нæ сæйраг дæр фарста уый у æмæ фæсивæды раст фæндагыл сæвæрæм. Æмæ цас адæм æрæмбырд ацы форумы, уымæ гæсгæ фæсивæд дæр сæхæдæг æмбарынц уыцы хъуыдаг. Æмæ сæ фæнды, цæмæй сабырдзинады цæрæм, кæрæдзийы æмбаргæйæ цæрæм. Æмæ ууыл архайынц.

темæмæ гæсгæ