филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:47 пятница, 25 июля 2025
14 ноября 2012, 09:56
Басаты Раисæ электрон тыхы лæггæдтæн алы хатт дæр бафиды афоныл

Ныртæккæ коммуналон лæггæдтæн цæрджыты фидын хъæуы, цы схардз кæной, æрмæст уымæн нæ, фæлæ ма иумæйаг бынæттæн дæр. Уымæ гæсгæ хатгай сæвзæры дызæрдыггаг уавæр. Ахæм фарстайы раз æрлæууыд фæллойы ветеран Басаты Раисæ.

Ныртæккæ коммуналон лæггæдтæн цæрджыты
фидын хъæуы, цы схардз кæной, æрмæст уымæн нæ, фæлæ ма иумæйаг бынæттæн
дæр. Уымæ гæсгæ хатгай сæвзæры дызæрдыггаг уавæр.

Ахæм фарстайы раз æрлæууыд фæллойы ветеран Басаты Раисæ.

Басаты Раисæ электрон тыхы лæггæдтæн алы
хатт дæр бафиды афоныл. Йæ квитанцитæ никуы аппары, æмбырд сæ кæны
бæрæг бынаты. Уымæ гæсгæ йæ дисы куыд нæ бафтыдта, коммуналон службæйæ
хæс дарыс, зæгъгæ, хъусынгæнинаг куы райста, уæд. Тæрхондоны уынаффæмæ
гæсгæ, фæллойы ветеран хъуамæ æнæмæнг бафыстаит хæс 5 мин сомæй фылдæр.

Басаты Раисæ, фæллойы ветеран: «Хъуыддаг
сбæлвырд кæныны тыххæй, Басаты Раисæйы чызг бацыд «Севкавэнерго» – йы
хайæдтæй иумæ. Квитанцитæм куы æркастысты, æмæ сæ хыгъды гæххæттытимæ
куы абарстой, уæд рæдыд ссардтой».

Быгъуылты Сослан, «Севкавэнерго»-йы
хайады хицауы хæдивæг: «Баситы Раисæ паддзахадæй хæс дары уый тыххæй,
æмæ ацы организацимæ льготæты тыххæй сæрмагонд гæххæт 8-æм азæн ничи
æрбалæвæрдта. Уымæ гæсгæ, фиддонтæ хъуамæ фыстаит æххæстæй, тарифтæм
гæсгæ. Абонент та сын фыста æрмæст се мбис».
 

Басаты Раисæйы фиддонтæ банымадтой
ногæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй паддзахадæй хæс 5 мины нæ дары, фæлæ иу
мин. Хæдзары цæрджыты иумæйаг хæрдзты фиддонтæ пенсиисæг æцæгæй дæр нæ
фыста, фæлæ Севкавэнергойы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæримæ
арæх сæмбæлынц. Арæхдæр къуылымпыдзинæдтæ рауайы льготæтæй чи пайда
кæны, уыдонимæ. Кæнæ бæрæггæнæнтæ куыстуатмæ афоныл нæ бадæттынц, кæнæ
та, абоненттæ сæхæдæг сæ фиддонтæ раст нæ банымайынц.

Цавæрфæнды хъуыддагмæ дæр куыдфæндыйы
цæстæй кæсын, у къуылымпыйы сæйраг аххосаг. Ахæм уавæр ма æруадзыны
тыххæй, фæлхасгæнджыты афæдз иу хатт хъæуы квитанцитæ æмæ хыгъды
гæххæттыты бæрæггæнæнтæ сбæлвырд кæнын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania