15 января 2014, 11:35
Бастдзинад фæхуыздæр кæнынæн Дзæуджыхъæуы æвдай фæндзæм телефонты станцæ ивын райдыдтой дыууын фæндзæм станцæйæ
Ростелекомы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, уый аххосæй абоненттæ бавзардзысты рæстæгмæйы къулымпыдзинæдтæ. Куыстуаты разамынд сын зæрдæ æвæры, цыбыр рæстæгмæ

Ростелекомы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, уый аххосæй абоненттæ бавзардзысты рæстæгмæйы къулымпыдзинæдтæ. Куыстуаты разамынд сын зæрдæ æвæры, цыбыр рæстæгмæ сæ кæй аиуварс кæндзысты, уымæй. Бастдзинад ног системæмæ ивд кæй цæуы, уый тыххæй, гæнæн ис, æмæ 55-æм станцæйы абонентты телефонтæ дæр ма кусой. Компанийы кусджытæ баивдзысты 7 мин номыры. Уыдонæн се `рдæг уыдзысты ног номыртæ.

темæмæ гæсгæ