филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 воскресенье, 01 февраля 2026
01 ноября 2023, 12:23
Батальон «Шторм Осетия»-йы хæстонтæй иу Роман Еременко ныр афæдзæй фылдæр ис йæ бархионты рæнхъыты

Контракт бафыссыныл хъуыды кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ

Ныртæккæ та уæ базонгæ кæндзыстæм батальон «Шторм.Осетия»-йы бархионты отряды службæгæнджытæй иу, Роман Еременкоимæ. Афæдзæй фылдæр ис тохы быдыры. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацыд фидар хъуыдыимæ – алцыдæр Уæлахизæн, зæгъгæ. Романы фæсном у «Злодей». Æфсæддон фæлтæрддзинад æм нæ уыд. алцæуылдæр ахуыр кодта бынаты. Отряд «Шторм»-ы службæгæнæджы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Батальон «Шторм Осетия»-йы хæстонтæй иу Роман Еременко ныр афæдзæй фылдæр ис йæ бархионты рæнхъыты. Контракт бафыссыныл хъуыды кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ бон нæ уыди йæхи фæиуварс кæнын, цалынмæ йæ хæлæрттæ фронты уыдысты, уæдмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы размæ Роман куыста алыхуызон къабæзты, уæйгæнæгæй, згъæрыкуыстгæнæгæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм æфсæддоны фæлтæрддзинад æппындæр нæ уыди. Фæлæ  уый тыххæй йæ хъуыды нæ аивта.

Хæсты быдыры Роман иста хæстоны фæлтæрддзинад дæр. Бархионты батальон «Шторм Осетия» архайы Запорожьейы рдыгæй. Йæ сæйраг нысан – ныхмæлæууæджы уромын æмæ йæ дарддæр ма рбауадзын. Роман хъуыды кæны йæ алы рацыды æппæт лыстæг хъуыддæгтæ дæр. 7 хæстонæй сын бахæс кодтой, знагмæ фæхæстæгдæр уæвын. Хæстонты къорд бирæ рæстæг уыди хъæды. Территорийы рæмудзæн æрмæгæй азмæлæн нæ уыди. Знаг сæ куы бамбæрста, уæд сæ æхсын райдыдта. Сæ уавæр хæрзтæй нæ уыди, Роман зæгъы, уæд сын хуыцау баххуыс кодта, æгасæй кæй æрбаздæхтысты, уымæй.

Бархионты батальон «Шторм Осетия»-йы уæнгтæ кусынц, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ. Сæхимæ сæм æнхъæлмæ кæсынц сæ бинонтæ. Романæн ис бинойнаг æмæ 6 сывæллоны. Фæлæ  куыд зæгъы, афтæмæй сыздæхдзæн æрмæст уæлахизимæ.

Æфсдæддонæн йæ хæстон фæндæгты æмæ йæ хъæбатырдзинады тыххæй саккаг кодтой дыккаг къæпхæны майдан. Хæстæгдæр бонты та ногæй аздæхдзæн фронтмæ. Райгуырæн бæстæйы бартæ хъахъхъæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania