филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:25 воскресенье, 29 сентября 2024
30 марта 2020, 12:43
Базар «Викалина»-йы арæзт æрцыдысты сæрмагонд æдасдзинады мадзæлттæ

Директоры ныхæстæм гæсгæ, ахæм фæтк æххæст кæнын хъæуы, цæмæй коронавирус ма парахат кæна, уый тыххæй

Базар «Викалина»-йы арæзт æрцыдысты сæрмагонд æдасдзинады мадзæлттæ. Директоры ныхæстæм гæсгæ, ахæм фæтк æххæст кæнын хъæуы, цæмæй коронавирус ма парахат кæна, уый тыххæй. Адæм цæуыл æндзæвынц, базармæ бахизгæйæ, æмæ мидæгæй бæстыхæйтты, уыцы объекттæ сæрфынц дезинфекцион хъацæнтæй. Уый сын бацамыдта «Дзæуджыхъæуы дезинфекцион станцæйы» кусджытæ. Сæрмагонд растворæй бапырх кæнынц бон дыууæ хатты: райсомæй раджы æмæ кусгæ бон куы фæвæййы, уæд. Уымæй дарддæр, базилынц дуары хæцæнтæм, æмæ æндæр ахсджиаг предметтæм, ома адæм фылдæр кæуыл æндзæвынц, уыдонмæ. Ахæм куыст кæндзысты, цалынмæ сын уый амынд уа, уæдмæ, загътой базары разамынды минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania