Се сфæлдыстадимæ базонгæ уæвыны фадат ис адæмон æрмдæсныйады армукъа «Мозаикæ»-йы
Традицион æрмдæсныйады хуызтæ бахъахъхъæныны хæс сæхимæ райстой нæ дарддæр сюжеты хъайтартæ. Бедойты Нино æмæ Козаты Фатимæ сæхи къухтæй аразынц, абарæн кæмæн нæй, ахæм цымыдисаг дзаумæттæ. Се сфæлдыстадимæ базонгæ уæвыны фадат ис адæмон æрмдæсныйады армукъа «Мозаикæ»-йы. Дыууæ мастеры дæр хорзæхджынгонд æрцыдысты арфæйы фыстæджытæй. Сæ курдиаты тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Иу сынк иннæйы фæстæ, æмæ хи конд ног хызын цæттæ у. Æрмдæсныйы лыстæг архайд, нымадæй цалдæр сахаты, æмæ хуымæтæг хъуымацы гæппæлæй рауад сылгоймаджы рæсугъд дзаума. Фæлæ куыст ууыл нæма фæци, хызыны алы хай дæр кæрæдзиимæ бахуыйын хъæуы къухæй. Бедойты Нинойы ныхæстæм гæсгæ, æнцон куыст нæу, фæлæ чызг сахуыр.
Сфæлдыстады ацы хуызыл Бедойты Нино фемхиц, йæ сывæллæттæм куы каст, уыцы рæстæг. Раздæр быдта хъазæнтæ, уыдоны фæстæ сцымыдис быд мигæнæнтæ кæныныл. Æппæты фæстаг райдыдта алыхуызон дзауматæ синагæй кæнын. Балхæдта хъæугæ æрмæг, бацæттæ кодта хуыйæн машинæ æмæ аныгъуылд сфæлдыстады æнæкæрон тыгъдады. Иу хаттæй иннæмæ Нинойæн хуыздæрæй хуыздæр уадысты йæ куыстытæ. Ныр сæ армукъаты дæр ма равæры.
Армукъа «Мозаикæ»-йы базонгæ уæвæн ис Козаты Фатимæйы сфæлдыстадимæ. Чызг аразы хæдтулгæты æмæ адæймаджы аивгæнæн дзауматæ: цæнгдарæнтæ, хъуырылдарæнтæ. Лыстæг куыст у, фæлæ йын æххуыс – йæ фæлтæрддзинад. Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ, æппæты райдианы йын уыд зын. Хъуыди æрмæджытæн базонын се *ууæлтæ, рабæрæг кæнын сæ фидардзинад.
Фатимæ йæ алы куысты дæр бавæры йæ уды хай. Уымæн ын æрмæст рæсугъд не сты, фæлæ ма сæ цæуы йæ зæрдæйы хъарм. Чызджы ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у куыстæй хохы тæваг куы цæуа, уый, цæмæй бæрæг уа Ирыстонæй ласт кæй у, уый.
Армукъа «Мозаикæ»-йы сæ куыстытæ равæрдтой 50 ирон æрмдæсныйы. Уыдоны сфæлдыстад хæстæгдæр зонгæ кæны нæ республикæйы уазджыты нæ национ æууæлтимæ.




