филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:25 вторник, 17 марта 2026
27 ноября 2024, 10:40
Бердиты Солтаны номыл республикон турнирмæ ныр 10-æм хатт æрбамбырд сты æвзонг богæлттæ

Йæ ном цæры, йæ номыл хъуыддæгтæ та пайда сты кæстæр фæлтæрæн. Дигорайы 10-æм хатт арæзт æрцыдысты Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтаны номарæн ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд. Афæдзæй-афæдзмæ турниры архайджыты нымæц кæны фылдæр. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Бердиты Вадим ахæм зæрдиаг лæвæрттæ фыццаг хатт нæ кæны. Йæ фыд Бердиты Солтаны номыл республикон турнирмæ ныр 10-æм хатт æрбамбырд сты æвзонг богæлттæ. Фылдæр дзы уыд, ацы спорты хуызы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтæ, æмæ хуымæтæджы нæ. Турниры сæйраг тæрхонгæнæг, дунеон къласы тæрхонæг Махъоты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, алы спортсмен дæр фылдæр бахъуыды кæны йæ фыццаг уæлахизтæ, йæ фыццаг фарсхæст.

Мадзал байгом кæныны кадджын мадзлы архайдтой республикæйы хицауады минæвæрттæ, спорты ветерантæ, Бердиты бинонты хæлæрттæ, зонгæтæ, стæй хуымæтæг спорт уарзджытæ.

Æппæт уазджытæ æмæ турниры архайджытæ бакастысты Бердиты Солтаны царндвæндаджы тыххæй кинонывмæ, Тайсауты Олег та сын сæ размæ рахаста Солтаны тыххæй зарæг, минут æдзæмæй алæугæйæ ты йын ссардтой йæ рухс ном.

Ацы хатт турниры архайдтой 2012-2013-æм азы гуырд лæппутæ. Æдæппæтæй дзы уыд 14 командæйы. Сæхи фæлвæрдтой 13 уæзы категорийы. Æнæмæнг сæ алчидæр æрбацыд уæлахизмæ, фæлæ сын ахсджиаг у кæрæдзийы фæлтæрдзинад фенын дæр.

Бердиты Солтаны номыл, юбилейон 10-æм республикон турниры хъæбысхæстæй йы архайджытæ хорзæхгонд æрцыдысты кубоктæй, кады гæххæттытæй, æхцайы премитæй Бердиты бинонты æмæ сæ зонгæты номæй. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æма сæрмагонд призтæ кæй саккаг кодтой «Хуыздæр техникæ», «Уæлахизмæ тырнындзинад», «Спортуарзджыты зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд», стæй «Æппæтæй кæстæр»-æн. Афтæмæй, хæлардзинады æнкъарæнтæй æххæстæй ахицæн, Дыгуры районы райрæзтæмæ стыр æвæрæн чи бахаста алы къабæзты, уыимæ спорты райрæзтмæ, уыцы Бердиты Солтаны номыл турнир.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania