филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:01 суббота, 31 января 2026
03 сентября 2025, 10:35
Бериты Лазыр срæмыгъды фæстæ сывæллæтты хаста спортивон залæй

Уыцы бон æй рох никуы уыдзæн, фæлæ мысинæгтæй зæрдæ риссы.

Абон у 3-æгæм сентябрь. Беслæны зындоны æртыккаг бон. 21 азы размæ ацы афон адæмæн сæ зæрдæты уыди ныфс. Ныфс, кæй аирвæздзысты, æмæ дарддæр кæй цæрдзысты, уымæй. Фæлæ фыдæнхъæл фесты. Мингай адæмтæ атырныдтой гыццыл Беслæнмæ, цæмæй баххуыс кæной, цæмæй истæмæй фæрогдæр кæной хъыгдардбаййафджыты рыст. Нæ программæйы уын радзурдзыстæм иу ахæм адæймаджы тыххæй. Бериты Лазыр уыцы бонты æрбалæууыд йе рдхорды фарсмæ. Срæмыгъды фæстæ сывæллæтты хаста спортивон залæй. Уыцы бон æй рох никуы уыдзæн, фæлæ мысинæгтæй зæрдæ риссы. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Ам иу къахдзæф скæнын дæр зын у. Æнкъары зæрдæйы рыст, сæры фæзынынц æрхæндæг хъуыдытæ. 11 азы размæ дзы уыд фæстаг хатт. Зын у ам уæвын, зæгъы Бериты Лазыр. 2004 азы Беслæнмæ куыд бахæццæ, уый ныр зын зæгъæн у. Æрбацыд скъоламæ, цæмæй   йæ сывæллæттæ амынæты кæмæн бахаудысты, уыцы *рдхорды фарсмæ *рбалæууа. Æрбахæццæ фыццаг срæмыгъды размæ. Уый фæстæ иннæ нæлгоймæгтимæ архайдта сывæллæтты ирвæзын кæныныл, хаста сæ спортзалæй æддæмæ. Уыцы цаутæ никуы рох кодта.

Хæцæнгарзæй хуынчъытæ спортивон залы алы сантиметр дæр æвдисæг у теракты 3 боны цаутæн. Дзиуаты Дзерассæйы ном Лазыры зæрдæйы ахсы сæрмагонд бынат. Фæлæ йæхи *фхæры сывæллонæн цы ныфс бавæрдта, уый сæххæст кæнын ын кæй нæ бантыст, уый тыххæй. Дзырд радта Зæлинæйæн, скъолайæ чызджы йæ къухты куы рацæйхаста, уæд.

Теракты фæстæ йын йæ къам, Зæлинæ йæ къухы афтæмæй, ныммыхуыр кæндзысты дунейы алы рæтты газетты фæрстыл. Чызджы бинонтæ та ирвæзынгæнæджы ссардзысты 8 мæйы фæстæ. Фæлæ ма Бериты Лазырæн æнæххæстæй баззад иу хъуыддаг.

Ссæдз азы фæстæ дæр ма Беслæны зæрдæ нырризы. Æрмæст ам нæ фæуромы йæ цæссыгтæ. Æвирхъау цауæн рохгæнæн нæй. Лазыр ма суанг  йæ хæдзары, йæ хæлæрттимæ ныхасгæнгæйæ дæр, теракт æнæрхъуыды нæ фæвæййы.

Уыцы фарст Бериты Лазырæн арæх раттынц. Беслæнимæ йæ ницы бæтты, фæлæ 2004 азы 3-æм сентябры уыд скъолайы. Йæ кæстæртæ  телеуынынады равдыстæй федтой сæ фыд кæм ис, уый. Ирвæзын кодта адæмы сывæллæтты.

Цард дарддæр цæуы зæрдæйы арф носимæ. Уыцы рыст æнкъарынц Ирыстоны цæрджытæ. Бериты Лазыр уыд *вдисæн æгъатыр терактæн. Федта 3 æнæкæрон боны адæмы зындзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania