филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:40 понедельник, 15 декабря 2025
13 ноября 2012, 15:27
Беслæны 22 бинонтæн радтой ног фатертæ

Раздæр цардысты кæладдзаг хæдзæртты. Ныр федералон программæмæ гæсгæ сæ уавæртæ зынгæ фæхуыздæр сты.

Ног фатертæ райстой цæрæн-коммуналон хæдзарады рацарæзты фонды æххуысæй.

Раздæр цардысты кæладдзаг хæдзæртты. Ныр федералон программæмæ гæсгæ сæ уавæртæ зынгæ фæхуыздæр сты.

Ног фатертæ райстой цæрæн-коммуналон
хæдзарады рацарæзты фонды æххуысæй. Конд сты æппæт домæнтæм гæсгæ,
æрмæст ма дзы баластой хæдзары дзаумæттæ. Сæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ма
ноджыдæр рацæудзысты цалдæр бинонтæ. Ныридæгæн сын загъд уыди, æмæ адæм
сæхи цæттæ кæнынц ног фатертæм ралидзынмæ. Кæм цардысты уыцы рæстæгмæйы
хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты 28-æм азы, Беслæны маисон комбинаты кусджытæн.
Бирæ рæстæгæн арæзт кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ дзы бирæтæ ныппырх сты.
Фæлæ хъуыддаг афтæ рауад, æмæ адæмæн фатертæ нырма ныр радтой. Ацы аз
Рахизфарсты районы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм ракодтой 32 бинонты.
Дыууæ бæстыхайы дзы арæзт æрцыдысты цæрæн-коммуналон хæдзарады рацарæзты
æххуысæй. Программæ æххстгонд цæудзæн дарддæр дæр. Ацы хъуыддаджы ма
æххуысхъуаг сты 15 бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ. Ног фатерты чи
æрцард, уыдон та æнхъæлмæ кæсынц сывæллæттæн сын хъазæн фæз кæд
сараздзысты уымæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania