филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:42 понедельник, 08 июля 2024
02 сентября 2014, 10:46
Беслæны фыдракæнды 10 азы бонмæ бынæттон культурæйы хæдзары æвдыстой документалон кинонывтæ

Иууылдæр ист сты 1-æм скъолайы терактыл. 10 азмæ Уæрæсейаг режисертæ Беслæны фыдбæллæхыл систой 30 кинонывы бæрц. Кинонывты равдыстмæ бирæ адæм не рбацыд, уымæн æмæ уал азмæ адæмы зæрдæты рыст нæ фæкъаддæр.

74018
Беслæны фыдракæнды 10 азы бонмæ бынæттон культурæйы хæдзары æвдыстой документалон кинонывтæ. Иууылдæр ист сты 1-æм скъолайы терактыл. 10 азмæ Уæрæсейаг режисертæ Беслæны фыдбæллæхыл систой 30 кинонывы бæрц. Кинонывты равдыстмæ бирæ адæм не рбацыд, уымæн æмæ уал азмæ адæмы зæрдæты рыст нæ фæкъаддæр. Раздæрау, дудынц сæ зæрдæты хъæдгæмттæ. Æмæ сын зын у уыцы цаутæ мысын, уыцы зындоны бонтæм киновы кæсын.

Цæриаты Валерий, этнотуризмы республикон центры директор: «Цас фæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр канд Ирыстоны цæрджытæй нæ, фæлæ æгас зæххы къорийы адæмæй дæр никуы ферох уыдзæн ацы цау. Мæнмæ гæсгæ адæймаджы ном чи хæссы, уыдоны зæрдæтæ ныры онг риссынц. Цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдон дæр уый тыххæй арæзт сты цæмæй чи бацарæфтыд, уыдонæй иуд æр рох ма уа. Цæмæй зæххыл терроризм ма уа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania