филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:07 понедельник, 13 мая 2024
06 марта 2013, 17:08
Беслæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты номыл æнусон арт фæчъизи кæныны хъуыддаг разынд мæнг

Ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты барадхъахъхъæнæг оргæнтæ. Пъæлицæйæгтæ интернеты бакастысты вандализмы тыххæй æрмæг. Беслæны администрациимæ сæ иумæйаг куысты фæрцы уавæр сбæлвырд кодтой.

Беслæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты номыл æнусон арт фæчъизи кæныны хъуыддаг разынд мæнг.

Ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты барадхъахъхъæнæг оргæнтæ. Пъæлицæйæгтæ интернеты бакастысты вандализмы тыххæй æрмæг. Беслæны администрациимæ сæ иумæйаг куысты фæрцы уавæр сбæлвырд кодтой. Беслæны маисон комбинаты цур скверы, йæ адæмы истори чи ницæмæ дары, ахæм адæймæгтæ ныппырх кодтой бандон æмæ дзы аппæрстой афтид æвгтæ. Историон цыртдзæвæн фæчъизи кæныны æмæ дзы вандализмы акттæ не сбæрæг кодтой. Фæлæ пъæлицæйæгты ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты бирæ хæттыты æрцахстой, хъæбæр нозтытæ дзы чи равæры æмæ дзы «Нарты куывд» чи саразы, ахæм æнæуаг адæмы. Фæлæ уыдон сты административон æгъдаухæлдтытæ. Беслæны администрацийы разамынд куыд зæгъы, афтæмæй сæрмагонд кусæг къорд æрвылбон рейдтæ скæны цыртдзæвæнтыл, сæ цæст дары уавæрмæ.

Дулаты Ибрагим, мидхъуыддæгты министрады Рахизфарсы районы хайады хицау: «Афтæ вæййы, æмæ дзы æрцахсæм, йæхи хорз чи нæ дары, кæнæ хъæбæр нозт чи фæнуазы, ахæмты. Бафхæрæм сæ административон æгъдауæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania