филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:14 суббота, 21 сентября 2024
17 декабря 2012, 09:38
Беслæны Коминтерны уынджы арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт

Сколайы ахуырдзаутæм фæзынд фæзминаг хъуыды – лейкозæй æмæ æндæр уæззау низтæй рынчын сывæллæттæн баххуыс кæнын. Ахуыргæнджытæ рахæцыдысты скъоладзауты хъуыдыйы фарс æмæ иумæйаг хъарутæй бацæттæ кодтой концертон программæ.

Сколайы ахуырдзаутæм фæзынд фæзминаг
хъуыды – лейкозæй æмæ æндæр уæззау низтæй

рынчын сывæллæттæн баххуыс кæнын. Ахуыргæнджытæ рахæцыдысты скъоладзауты
хъуыдыйы фарс æмæ иумæйаг хъарутæй бацæттæ кодтой концертон программæ.
Фæндыд сæ саразын цымыдисаг концерт æмæ нæ бавгъау кодтой сæ
арæхстдзинад. Дунейы бæстæты кæфтытæ ивтой кæрæдзийы. Сæ ныфс бахастой
рагон Египетаг кафтмæ дæр. Сценæйы сæвæрдтой национ, Латинаг Америкæйы
æмæ испайнаг кæфтытæ, стæй нырыккон кæфтытæ.

Концертмæ чи æрбацыд, уыдон дзы баззадысты тынг разыйæ. Рынчын сывæллæттæн кæй æххуыс кæнынц,уый та бирæтæн уыд уæлдай æхсызгон.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania