филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:28 воскресенье, 06 октября 2024
03 сентября 2014, 11:24
Беслæны Коминтерны уынджы цы астæуккаг скъола ис, уым федералон программæмæ гæсгæ кусын райдыдта видеобастдзинады ахуырады центр

Беслæны теракты фæстæ адæм архайдтой хъыгдардбаййафджытæн се ххуысы хай бакæныныл. Афтæ, Коминтерны уынджы цы астæуккаг скъола ис, уым федералон программæмæ гæсгæ кусын райдыдта видеобастдзинады ахуырады центр. Сæ зонындзинæдтæ дзы фылдæр кæнынц

74062
Беслæны теракты фæстæ адæм архайдтой хъыгдардбаййафджытæн се ххуысы хай бакæныныл. Афтæ, Коминтерны уынджы цы астæуккаг скъола ис, уым федералон программæмæ гæсгæ кусын райдыдта видеобастдзинады ахуырады центр. Сæ зонындзинæдтæ дзы фылдæр кæнынц, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ республикæйы æппæт районтæй. Сывæллæттимæ кусынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ.

Беслæны Коминтерны уынджы цы астæуккаг скъола ис, уым ныр фондз азы кусы видеобастдзинады ахуырады центр. Сарæзтой йæ федералон программæмæ гæсгæ. Сæ зонындзинæдтæ дзы фылдæр кæнынц, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ æппæт республикæйæ. Ам сын аразынц уæлæмхасæн ахуыртæ. Семæ кусынц 120 ахуыргæнæджы.

Хицауады рдыгæй центрмæ лæмбынæг хъусдард цæуы. Ууыл дзурæг у, цы нырыккон техникæйæ ифтонг у, уый дæр.

Центры кусджытæн сæ сæйраг хæс у йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывыллæтты адæмы æмрæнхъ ракæнын. Нæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй уыцы бæрнон хæс сæ къухы бафта.

Хæуытаты Зитæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania