Уыимæ ма асаст стационарон флюорограф дæр. Рентген кæнынмæ адæмы арвитынц районы клиникон рынчындонмæ, флюрæ та сын скæнынц сæрмагонд машинæйы.
Уыимæ ма асаст стационарон флюорограф дæр. Рентген кæнынмæ адæмы арвитынц районы клиникон рынчындонмæ, флюрæ та сын скæнынц сæрмагонд машинæйы.
Иу мæйы размæ Сидахъаты Аминæ ныццавта йæ къах. Фæлæ ныр дæр йæ рыст нæма ацыд. Сывæллонæн хъæуы рентген скæнын. Уый тыххæй сæ Беслæны поликлиникæйæ рарвыстой клиникон рынчындонмæ.
Сидахъаты Фатима, Сидахъаты Аминæйы мад: «Мæ чызг йæ къах ныццавта æмæ рентген кæнынмæ æрбацыдыстæм, сæ аппаратурæ нæ кусы æмæ нæ рынчындонмæ æрбарвыстой. Æмæ мæнæ скодтам. Æртæккæ нын скæндзысты æмæ сæ ахæсдзыстæм. Уым нæ кусы æмæ дыууæрдæм рацу бацу кæнæм, æндæр дзы цас зындзинад ис. Хъæуы нæ æмæ йæ кæнæм».
Поликлинæйы рентгены аппарат нæ кусы ныр дыууæ мæйæ фылдæр, зæгъынц дохтыртæ. Балхæдтой йæ 2005-æм азы, æмæ уæд нымад уыд тынг хорзыл. Æппæт домæнтæн дæр дзуапп лæвæрдта. Фæлæ ныр асаст йæ сæйраг хай – лучевая трубка кæй хонынц, уый. Æнæ уыцы хайæ рентгенæй хуызист сисæн нæй, æмбарын кæны поликлиникæйы рентгенолог Белеккаты Руслан.
Белеккаты Руслан, Беслæны поликлиникæйы дохтыр-рентгенолог: «Хорз куыста, уыдыстæм дзы разы. Фæлæ фæстаг дыууæ мæйы, раздæр дæри у асаст, æнæсæтгæ нæй аппаратæн, фæлæ иу æй ацарæзтой. Фæлæ ныртæккæ, дыууæ мæйы дæргъы нæ кусы. Ис ма нæм аппарат стационары, фæлæ йыл æппæт снимоктæ нæ бон кæнын нæу. Нæ дзы уайынц».
Ныртæккæ, цæмæй пациент йæ рæуджытæн йæ къухты æмæ йæ къæхты сджытæн рентген скæна, уый тыххæй йæ арвитынц районы клиникон рынчындонмæ. Астæуы стæгæн, стæй хуылфыдзамæттæн та рентген скæнынæн адæмы ацæуын бахъæуы Цæгат-Кавказы бирæвæрсыг медицинон центрмæ, кæнæ Дзæуджыхъæуы дзæбæхгæнæн бынæттæм.
Уыимæ ма ныр дыууæ азы бæрц поликлиникæйы нæй стационарон флюорографион аппарат дæр.
Ацы аппарат æлхæд æрцыд 2000 азы, æмæ уыцы рæстæг уыд фыццаг аппарат республикæйы. Хорз фæкуыста, 12 азы, йæ кусыты рæстæг та у 7 азы. Æмæ ныр 2 азы дæргъы афтæ лæууы, нæ кусы.
Флюорографион анализ кæнынæн поликлиникæйы пайда кæнынц сæрмагонд машинæйæ. Фæлæ ныртæккæ уый дæр æххæст кæны йæ сæйраг хæс – флюорографион хуызистытæ кæны районы хъæуты цæрджытæн сæ хæдзæртты. Беслæны цæрджытæн та поликлинæйы ис æндæр машинæ.
Ныртæккæ флборографион анализ пациенттæ скæнынц ам, рынчындоны кæрты. Æмæ кæд аппарат нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæтты, уæддæр йæ куыст кæны, зæгъынц дохтыртæ. Рæстæгмæ йæ Беслæны рынчындонæн радих кодта теринизы республикон диспансер.
Иу бонмæ флюоро скæнын фæхъæуы 60-70 адæймагæн. Се ппæты дæр фæхъæуы, поликлиникæйы кæрты цы машинæ ис, уырдæм схизын æмæ анализ скæнын.
Биазырты Ларисæ, Рахизфарсы районы клиникон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг: «Нæ рынчындон ацы азы июлæй фæстæмæ ис æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрны. Æмæ нын зæрдæ бавæрдтой фидæны аз нырыккон флюорографион аппарат балхæнынæй. Ацы дыууæ боны та аукционы хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзæн, нæ рентген аппарат нын чи цалцæг кæндзæн, уыцы куыстуат дæр».
Нырыккон флюорографион аппарат кæны 8 милуан сомы бæрц, рентген аппарат та у 10 милуан сомæй фылдæры аргъ. Районы цæрджыты тыхсын кæны, ацы аппарттимæ цы уавæры сты, уый, фæлæ быхсынц.
Гугкаты Иринæ




