филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:45 понедельник, 08 июля 2024
01 сентября 2014, 10:44
Беслæны райдыдтой, теракты 10 азимæ баст саударæн мадзæлттæ

Рæстæг рацыд, фæлæ мысæн бонты фæтк ивд нæ цæуы. Адæм дидинджытимæ цæуынц скъолайы спортивон залмæ, æдзæмæй алæугæйæ мысынц æнаххосæй чы фæмард, уыцы адæмы.

Саударæн мадзæлттæ Беслæны райдыдтой 9 сахаты æмæ 15 минутыл. Скъолайы кæрты азæлыд дзæнгæрæг æмæ адæм бацыдысты спортивон залмæ.

73444

Беслæны райдыдтой, теракты 10 азимæ баст саударæн мадзæлттæ. Рæстæг рацыд, фæлæ мысæн бонты фæтк ивд нæ цæуы. Адæм дидинджытимæ цæуынц скъолайы спортивон залмæ, æдзæмæй алæугæйæ мысынц æнаххосæй чы фæмард, уыцы адæмы.

Саударæн мадзæлттæ Беслæны райдыдтой 9 сахаты æмæ 15 минутыл. Скъолайы кæрты азæлыд дзæнгæрæг æмæ адæм бацыдысты спортивон залмæ.

2004-æм азы 1-æм сентябры цаутæ мысгæйæ бирæтæн абон сæ цæссыг бауромын сæ бон нæ уыд. Уæд, террористтæ ныббырстой Беслæны фыццæгæм скъоламæ æмæ спортивон залы баурæдтой мин адæймагæй фылдæр – скъоладзауты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты.

Дзебойты Эльзæ, Беслæны 1-æм скъолайы ахуыргæнæг: «Мæнмæ чи ахуыр кодта, уыдонæй бирæтæ баззадысты уыцы спортивон залы. Æмæ сын ферох кæнæн дæр нæй, къаддæр дæр нæ кæны нæ рыст. Арæх сæм æрбацæуæм. Ахæм фыдбылыз макуыуал æрцæуæд, Ирыстон нæ, фæлæ æнæхъæн бæстæйы дæр. Уымæ æвирхъаудæр фыдбылыз нæй».

Æнустæм спортивон залы чи баззад, уыдоны рухс нæмттæ ссарынмæ ардæм æрбацыдысты республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Се ппæт дæр семæ æрбахастой дидинджытæ æмæ дон. Бзарты Эмилияйы лæппу Дзарасаты Аслæнбег дæр ис, спртивон залы æнустæм чи баззад, уыдонимæ. Абон йæ мад, йæ цæссыг нæ уромгæйæ, агуры дзуапп æрмæстдæр иу фарстайæн – чи у аххосджын, йæ сывæллон йæ фарсмæ кæй нал ис, уым.

Бзарты Эмилия: «Афтæ фæзæгъынц, рæстæг дам дзæбæх кæны, фæлæ рæстæг нæ дзæбæх кæны адæймаджы. 10 азы ардæм цæуæм æмæ агурæм рæстдзинад, фæрсæм къулты, адæмы – цы кодтой уыцы сывæллæттæ, дидинджытæ кæй къухы уыдис, уыдоны ныхмæ хæцæнгарз цæмæн систой. Ничы нын дæтты уымæн дзуапп».

Сæ сывæллæтты æмæ сæ хæстæджыты чи фесæфта уæззау бæллæхы, уыдоны зæрдæты хъæдгæмттæ абон дæр нæ байгас сты. Тынг зын у ахæмæн быхсын, зæгъы Тедтаты Эльбрус. Уæд, 2004-æм азы ам фæмард йæ лæппу. Тимур хъуамæ бацыдаид 10-æм къласмæ.

Тедтады Эльбрус: «Æддейы йæ кæд не вдисы адæймаг, уæддæр дæ мидæгæй кæны хæргæ, 10 азы йыл рацæуа, 15 азы йыл рацæуа, цалынмæ адæймаджы цæст æрттива, уæддæр уыцы нос йæ мидæг уыдзæн».

Æдзард сывæллæттæ, сæ хъæбулты зындзинæдтæн æвдисæн чи уыд, уыцы ныййарджытæ, скъоладзауты хæлардзинадыл чи ахуыр кодта æмæ сын зонд чи амыдта, уыцы ахуыргæнджытæ, ирвæзынгæнæн операцийы чи архайдта – «Альфа»-йы æмæ «Вымпе»-ы æфсæддонтæ – æнустæм баззадысты спортивон залы. Сæ къамтæ ныр сты мемориалы сæйраг хай.

Саударæн мадзæлттæ цæудзысты æртæ боны æмæ фæуыдзысты зæдты горæты. Уым, мемориалон уæлмæрды, метрономы цыдмæ бакæсдзысты, 2004-æм азы, Беслæны 1-æм скъолайы террористон акты чи фæмард, уыдоны нæмттæ.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania