11 февраля 2013, 11:26
Беслæны сарæзтой республикон ерыстæ кик-боксингæй
Сæ байгом кæнынмæ ссыд Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег. Йæ ныхасы куыд загъта, афтæмæй цæгатирыстойнаг спортсментæ сæхи хорз равдисынц Уæрæсейы, Европейы æмæ дунеон чемпионатты.
Сæ байгом кæнынмæ ссыд Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег. Йæ ныхасы куыд загъта, афтæмæй цæгатирыстойнаг спортсментæ сæхи хорз равдисынц Уæрæсейы, Европейы æмæ дунеон чемпионатты. Нымад сты тыхджындæртыл. Уый та бирæ аразгæ у сæ тренертæй. Уымæ гæсгæ се ппæтæн дæр æхсызгон уыд, фарон егъау ерысты чи рамбылдта, уыцы спортсменты тренерты кæй схорзæхджын кодтой, уый.
Ацы хатт дæр ерысты цы спортсментæ архайдтой, уыдон равдыстой хорз спортивон техникæ æмæ арæхстдзинад. Æдæппæтæй чемпионаты архайдта 145 спортсмены. Сæ кармæ гæсгæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой 4 къорды. Уæлахиздзаутæ архайдзысты Хуссар федералон зылды ерысты февралы Хъæрæсе-Черкессийы.
темæмæ гæсгæ




