филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:38 воскресенье, 06 октября 2024
04 сентября 2014, 17:34
Беслæны теракты амæттæгты æрхъуыды кодтой Уæрæсейы бирæ горæтты

Мæскуыйы теракты амæттæгты номыл монументы цур арæзт æрцыд номарæн акци. Архайдтой дзы хицаудзинады оргæнты æмæ культурæйы кусджытæ, сæ сæргъы Мæскуыйы мэр Сергей Сабянин.

74096
Мæскуыйы теракты амæттæгты номыл монументы цур арæзт æрцыд номарæн акци. Архайдтой дзы хицаудзинады оргæнты æмæ культурæйы кусджытæ, сæ сæргъы Мæскуыйы мэр Сергей Сабянин. Зындгонд зарæггæнæг Иосиф Кобзон азарыд зарæг «Афтæ нæ вæййы». Номарæн мадзалмæ æрбацыд бирæ адæм. Семæ рæбахастой дидинджытæ, хъазæнтæ. Теракты чи фæмард, уыдоны номыл ауагътой 334 уæлдæфон шары.
Беслæйнæгты нæмттæ ссарынмæ Санкт-Петербурджы цæрджытæ æрæмбырд сты Малоохтинскийы проспекты Мадымайрæмы номыл аргъуаны цур. Æрбацæуджытæ ссыгътой мыдадзын цырæгътæ æмæ сæ сæвæрдтой сæ номыл цыртдзæвæны цур. 272-æм гимназы ахуырдзаутæ та сарæзтой акци «Беслæны сывæллæттæ – Уæрæсейы рыст».
Æдзард сывæллæтты æрæмысыдысты Хабаровскы дæр. Фæскомцæдисонты номыл фæзæй горæты сæйраг уынгтыл æрзылдысты машинæтыл дугъгæнджытæ. Горæты сæйраг фæзы стыр экраныл æвдыстой документалон киноныв «Граждане Беслана». Изæры та Хабаровскы цæрджытæ мыдадзын цырæгътæй ныффыстой – «мысæм». Аргъуаны дзæнгæрæджы уынæрмæ ауагътой шартæ.
Екатеринбурджы цæрджытæ æрæмбырд сты мемориал «Сау тюльпан»-ы цур. Акцимæ æрбацыд 500 адæймагæй фылдæр. Иууылдæр цыдысты цырæгътимæ æмæ дидинджытимæ. Сæвæрдтой сæ монументыл.
Ростовы номарæн акцийы архайджытæ та хъыгдард баййафæг адæмы номыл урс шартыл ныффыстой сæ хъуыдытæ. Адæм куырдтой сабырдзинад, хæлардзинад, æнгомдзинад. Сидтысты терроризмимæ тох кæнынмæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania