филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:18 понедельник, 08 июля 2024
01 сентября 2014, 17:26
Беслæны теракты хъыгдард баййæфтой Гулдаты бинонтæ

1-æм сентябры фæсивæдæн цины бæрæгбон у. Ацы бон райдайы сæ фæндаг зонындзинæдты дунемæ. Ацы бон фæхистæр вæййынц æмæ сын райдайы æндæр цард. Афтæ уыд кæддæриддæр.

74009
1-æм сентябры фæсивæдæн цины бæрæгбон у. Ацы бон райдайы сæ фæндаг зонындзинæдты дунемæ. Ацы бон фæхистæр вæййынц æмæ сын райдайы æндæр цард. Афтæ уыд кæддæриддæр.
Фæлæ 2004-æм азы сентябры цаутæ мингай адæмæн фесæфтой ацы цины æнкъарæнтæ.
2004-æм азы 1-æм сентябры фыццаг дзæнгæрæджы бæсты иууылдæр æвдисæн уыдысты хæцæнгарзы æхстытæн æмæ террористы фыдмитæн. Цины бæрæгбоны бæсты сывæллæттæ бахаудысты зындонмæ. Ууыл рацыд 10 азы, фæлæ дзы чи уыд, уыдонæй уыцы цаутæ иунæг минут дæр нæ рох кæнынц.
Бирæ лæппуты æмæ чызджыты хуызæн, уæд нырма фыццагкъласон, Гулдаты Георгий бæллыд скъоламæ.
Фæлæ уыцы сау бон, фыццаг дзæнгæрæджы бæсты иууылдæр æвдисæн фесты хæцæнгарзы æхстытæн æмæ террористы фыдмитæн. Цины бæрæгбоны бæсты сывæллæттæ зындоны бахаудысты. Ууыл рацыд 10 азы, фæлæ дзы чи уыд, уыдонæй уыцы цаутæ иунæг минут дæр рох нæ кæнынц.
Беслæны теракты Гулдаты бинонтæй бахаудысты æртæйæ: лæппу, йæ мад æмæ йæ нана. Ныр дæр, уыцы бонтæ æрхъуыды кæнгæйæ, Гулдаты Кирæйæн йæ цæссыг бауромын йæ бон нæу.
Цытæ федтой, цы бавзæрстой, æвдисæн цæмæн уыдысты – уыдонæн дур дæр нæ бафæраздзæн. Фæлæ адæм кæрæдзийы ныфсæй, кæрæдзийæн æххуысгæнгæйæ, æнхъæлмæ кастысты кæд сæ фервæзыны кæндзысты, уымæ. Уырныдта сæ – нæ сæ ныууаддзысты.
Фæлæ дойныйæ æмæ тæссæй цы сывæллон кæуы, уымæн æй куыд бамбарын кæнæн ис, ацы фыдгæнджытæй сæ кæй фервæзын кæндзысты, уый.
Террористы къухæй Гулдаты бинонтæй амынæты чи уыд, хъыгдард байæфтой иууылдæр. Фыццагкъласон Георгийæн та схъис нынныхст йæ астæуыстæджы.
Куыд фæзæгъынц, цард цæуы. Ныртæккæ Георгий архайы спорты. У бирæ ерысты уæлахиздзау ленк кæнынæй. Фидæнмæ дæр æм ис фæндтæ, бæллицтæ.
Фæлæ 10 азы размæ цы цаутæ æрцыд, уыдон дзы никуы ферох уыдзысты. Æртæ боны йеддæмæ нæ уыдысты. Фæлæ дзы чи хъизæмар кодта, уыдонæн уыдысты æнæкæрон.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania