филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 понедельник, 11 августа 2025
14 января 2014, 17:27
Беслæны Цæгат Кавказы медицинон центр йæ куыст рæстæгмæ баурæдта фадынæг кæй сарæх ис, уый тыххæй

Хæцгæниз парахат кæнын райдыдта январы райдиан. Центры рынчынты нæ исдзысты 10 боны. Стационары ма баззадысты æрмæстдæр дзы Ног Азы бæрæгбæтты размæ чи уыди, уыдон, æдæппæтæй 30 адæймаджы.

Беслæны Цæгат Кавказы медицинон центр йæ куыст рæстæгмæ баурæдта фадынæг кæй сарæх ис, уый тыххæй.

Хæцгæниз парахат кæнын райдыдта январы райдиан. Центры рынчынты нæ исдзысты 10 боны. Стационары ма баззадысты æрмæстдæр дзы Ног Азы бæрæгбæтты размæ чи уыди, уыдон, æдæппæтæй 30 адæймаджы. Уыдонæн дæр æмæ медицинон кусджытæн дæр прививкæтæ скодтой фадынæджы ныхмæ. Ацы 10 боны центры йæхи дзæбæх кæнынмæ чи хъавыд, уыдон дохтырты æххуыс исын райдайдзысты 21-æм январæй фæстæмæ, карантин ист куы æрцæуа, уæд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania