филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:49 понедельник, 08 июля 2024
02 сентября 2014, 15:39
Беслæны уыдысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Стъараполы крайы губернаторы хæстæ æххæстгæнæг Владимир Владимиров

2 боны Беслæны цæуынц саударæн мадзæлттæ. Скъолайы кæртмæ æмæ спортивон залмæ бон–изæрмæ цæуынц адæм. 2004-æм азы 1-æм сентябры цаутыл хъуыдыгæнгæйæ, сæ цæссыг нæ уромынц.

74032
2 боны Беслæны цæуынц саударæн мадзæлттæ. Скъолайы кæртмæ æмæ спортивон залмæ бон–изæрмæ цæуынц адæм. 2004-æм азы 1-æм сентябры цаутыл хъуыдыгæнгæйæ, сæ цæссыг нæ уромынц. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Стъараполы крайы губернаторы хæстæ æххæстгæнæг Владимир Владимиров æрымысыдысты Беслæны теракты аæмæттæгты. Делегацийы уæнгтæ бæбæрæг кодтой 1-æм скъола. Минут æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой, чи дзы фæмард, уыдоны нæмттæ. Уыдысты «Зæдты горæты» дæр. Уым Мамсыраты Таймураз æмæ Владимир Владимиров веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой Хъыджы бæласы æмæ амынæты чи уыд, уыдоны уæгъдгæнгæйæ йæ цард чи радта, уыцы æфсæддонты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады службæгæнджыты цыртдзæвæнтыл. «Ахæм фыдбæллæхы тыххæй зæгъынæн адæймаг фаг ныхæстæ не ссардзæн. Фыдох, бæллæх, туг æмæ тæригъæды бынат. Зонд æй не мбары, куыд уыд ахæм фыдбæллæх саразын, куыд бантыст кæмæндæр сывæллæттыл къух сисын. Æмæ не ппæты хæс у ахæм фыдбæллæх макуыуал æруадзын. Иумæйагæй хъуамæ тох кæнæм терроризмы ныхмæ» – загъта Владимир Владимиров.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania