филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:32 четверг, 02 апреля 2026
01 апреля 2026, 11:06
Беслæйнаг поэт Беппиты Альберт бирæтæн зонгæ адæймаг у

Фыссы зарджытæ, кусы культурæйы Галуаны æмæ йæхи цæттæ кæны сфæлдыстадон изæрмæ

Беслæйнаг поэт Беппиты Альберт бирæтæн зонгæ адæймаг у. Фыссы зарджытæ, кусы культурæйы Галуаны æмæ йæхи цæттæ кæны сфæлдыстадон изæрмæ. Царды цæлхдуртæ нæ хынцгæйæ, дарддæр тырны аивады бæрзæндтæм. Ацы бонты æппæтадæмон хæрзаудæн фонд «Русский крест»-æй лæварæн райста ног электроколяскæ. Иннæ æхсызгон хъуыддаг та уыд – зындгонд боксер Гасситы Муратимæ фембæлд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъæрмуд фембæлд, æргом æнкъарæнтæ æмæ фæлмæн зæрдæйы ахаст. Поэт æмæ зарæггæнæг Беппиты Альбертæн балæвар кодтой ног электроколяскæ. Баххуыс ын кодтой фонд «Русский крест»-ы кусджытæ. Нырыккон æмæ технологон фæрæз ын йе *рвылбон цард зынгæ фæрогдæр кæндзæн. Раздæры коляскæ йын фæлæггад кодта 15 азы бæрц æмæ ныр нал бæззы.

Ацы бонты Беппиты Альберты бабæрæг кодта профессионалон боксер Гасситы Мурат. Фæхæццæ йæм кодта арфæйы ныхæстæ фонд «Русский крест»-ы аудæг Умар Кремлевæй. Спортсмен поэтимæ аныхас кодта æмæ йын йæ футболкæйыл ныууагъта автограф. Альберт йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы фембæлдмæ рагæй æнхъæлмæ каст. Бирæ азты дæргъы йæ цæст дары Мураты карьерæмæ æмæ йын йæ уæлахизтыл цин кодта. Йемæ комкоммæ кæй базонгæ, уый йын ахсджиаг цау сси.

Беппиты Альберт у поэт-зарджытæ фыссæг Беслæнæй, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг. Йе сфæлдыстад у сæйрагдæры тыххæй: цардмæ, адæммæ æмæ уарзон зæхмæ уарзондзинадыл. Ацы темæтæ ссарынц фæндаг алы фæлтæрты зæрдæтæм. Йæ зарджытæ раджы систы республикæйы культурон царды хай.

Абон Беппиты Альберт кусы районы культурæйы галуаны. Ам аразы концерттæ, сфæлдыстадон изæртæ æмæ культурон мадзæлттæ æппæт Рахизфарсы районы. Ис ын хи кабинет, ифтонг у. Уым кусы йæ ног проекттыл. Йæ радон сфæлдыстадон изæр Альберт фæнд кæны саразын фæззæджы Беслæны культурæйы галуаны. Программæмæ бацæудзысты се ппæтæн уарзон уацмыстæ, стæй авторы ног куыстытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania