филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:42 воскресенье, 01 февраля 2026
03 сентября 2024, 12:06
Беслæн. 20 азы размæ: Гуыриаты Надеждæ

Спортзалы уæвгæйæ, йæхицæн снысан кодта – бакусын, цæмæй теракты чи бахауд, уыдоны нæмттæ рох ма уой

Трагедийы фæстæ цы дзæумæттæ баззадысты, уыдон 20 азы дæргъы фембырд кодта фыццæгæм скъолдайы ахуыргæнæг Гуыриаты Надеждæ. Спортзалы уæвгæйæ, йæхицæн снысан кодта – бакусын, цæмæй теракты чи бахауд, уыдоны нæмттæ рох ма уой. Ныр Надеждæ у Скъолайы музейы разамонæг. Ацы цымыдисаг адæймаджы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Гуыриаты Надеждæйæн скъоламæ бацæуын 20 азы фæстæ дæр у тынг зын. Йæ цæстытыл ауайынц уæды сентябры фыццаг бонты нывтæ. Йæ сывæллæттæ Барис, Верæ æмæ Иринæимæ уыдис уацары. Алы уысм дæр – æнусон тæлм, мысинæгтæ нæ мынæг кæнынц зæрдæйы. Рæстæджы цыдимæ ма  æрхъуыды кæны терактæй ног хабæрттæ.

Беслæны трагеди аскъуыдта Гуыриаты Надеждæйы дыууæ хъæбулы цард. Аирвæзт æрмæстдæр йæ кæстæр чызг Иринæ. Йæхæдæг уыд цæфтæ. Фæлæ Надеждæйы ныфс на састи. Сылгоймаг дарддæр кæны ахуыргæнæджы куыст.

Гуыриаты Надеждæйы разамындæй ныр Беслæны скъолайы кусы историйы Музей. Йæ экспонаттæ та сты теракты амæттæгты – сывæллæтты, ныййарджыты, ахуыргæнджыты æмæ сæрмагонд оргæнты кусджыты дзаумæттæ. Гуыриаты Надеждæйы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы дарæс адæмы хæдзæртты куы нæ уой, уæд хуыздæр. Музеймæ æрбахæссæн ис цавæрфæнды экспонаттæ дæр. Афтæмæй фæрогдæр уыдзæн 2004 азы йæ хæстæджыты чи фесæфта, уыцы адæмы уæззау уаргъ.

Æмбырдгонд экспонаттæ хъахъхъæнын. Гуыриаты Надеждæйы ныхæстæм гæсгæ, спортивон залы, хæцæнгæрзты нæмгуыты *хситт хъусгæйæ, йæ размæ сæвæрдта хæс – бакусын теракты хъыгдард чи баййæфта æмæ йæ цард кæмæн аскъуыд,  уыдоны нæмттæ цæмæй рохгонд ма *рцæуой, ууыл. Ныр у музейы разамонæг. Ам фенæн ис скъолайы мадзæлттæй хуызистытæ, чингуытæ, фыццæгæм скъолайы бæстыхайы макет.

Сæрмагонд оргæнты кусджыты уæлæдарæсæй райдай æмæ террористты картæйæ фæуы. Кæд 20 азы рацыд трагедийæ, уæддæр ныр дæр ма музей  хъæздыгдæр кæны ног экспонаттæй.

Музейы ис 1000 экспонатæй фылдæр. Гуыриаты Надеждæ саразы экскурситæ скъоладзаутæн, æфсæддонтæн æмæ, трагедийы тыххæй базонын кæй фæфæнды, уыцы адæмæн. Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд йæ архайджытæн Надеждæ райдыдта хуыйын æфсæддонты чи хъахъхъæндзæн, ахæм талисмантæ, куклаты хуызы. Ныридæгæн уыдонæй хæстмæ арвыста 2 мины æмæ æрдæджы бæрц.

Алы аз дæр саударæн бонты Гуыриаты Надеждæ йæ чызг Иринæимæ æрбацæуы, 2004 азы сентябры кæй цард аскъуыд, уыдоны æрымысынмæ. Музейы разамонæг дарддæр дæр фæнд кæны аразын алыхуызон мадзæлттæ, цæмæй теракты чи бахауд, уыцы адæмы нæмттæ рохгонд ма уой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania