Йæ зæрдæйæн ын зын операци скодта номдзыд хирург Лео Бокерия, абон Зауыр йæхæдæг дæр у кардиохирург
Козырты Зауыр дæр ацы цаутæ йæхиуыл бавзæрста 10-аздзыд лæппуйæ. Райста тынг уæззау цæф. Дохтыртæ йын аирвæзыны ныфс дæр нæ лæвæрдтой. Йæ зæрдæйæн ын зын операци скодта номдзыд хирург Лео Бокерия. Абон Зауыр йæхæдæг дæр у кардиохирург. Кусы Архангельскы облæсты чысыл горæт Котласы. Æрвылаз ацы бонты ссæуы Ирыстонмæ, йæ хæлæртты нæмттæ æрхъуыды кæнынмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
20 азы размæ Козырты Зауыры цардæн аскъуынынæй тæссаг уыд. Хуызистыл цы 10-аздзыд ныфсхаст лæппу ис, уый бирæ зындзинæдтæ бавзарын бахъуыд. Скъола террористтæ куыд бацахстой. 3 боны æнæ донæй æмæ хæринагæй. Æмæ уый фæстæйы æвирхъау хабæрттæ. Лæппу тынг уæззау цæф райста. Аирвæзынæй зæрдæ не *вæрдтой, лæвæрдтой йын милуанæй иу процент. Афтæ дзырдтой Мæскуыйы, Бакулевы номыл центры хуыздæр кардиохирургтæ. Уыдон скодтой, гæнæн цæмæн нæ уыдис, ахæм диссаджы хъуыддаг.
Медицинон бæрæггæнæнтæм гæсгæ ацы цау разынд тынг уæззау, суанг зындгонд наукон центры дохтыртæн дæр. Ацы историйы бынат уыд бæрзонд профессионализмæн, ныфсхастдзинадæн, æмæ амондæн. Лæппуйы аривæзын кæныны тыххæй номдзыд хирург Лео Бокерия скодта гом зæрдæйыл æвæстиаты операци. Æмæ Зауыры зæрдæйæ бадомдта æнæниз ритмы кусын.
Уæдæй фæстæмæ Бокерияйы мыггаг Козырты бинонтæн сси ныфсы символ. Уæды æвзонг пациентæн та ма разæнгарддзинады нысан. Уыцы диссаджы цау сæ балымæн кодта бирæ азтæм. Сæрмагондæй Лео Бокерия бауынаффæ кодта Зауырæн медицинæйы фæндагыл ацæуын, бирæ ахуыр кæнын, зындзинæдтæй ма тæрсын æмæ адæмæн лæггад кæнын.
Абон Козырты Зауыр у дæсны кардиохирург. Йæхæдæг ирвæзын кæны адæмы цард – дард, бæстæйы Цæгат хайы, Архангельскы облæсты, горæт Котласы. Ныридæгæн скодта 1 мин æнтыстджын операцийæ фылдæр, зæрдæйы æмæ тугдадзинты 3 мин уæззау диагностикæйæ фылдæр. Уыцы нымæцты фæстæ бирæ арфæгæнæг пациенттæ.
Ацы лæппуйы хъысмæты чысыл зындзинæдтæ нæ уыд, фæлæ уыд бирæ диссæгтæ дæр. Уыдонæй иу – æнæниздзинад. Æххæст цардæй цæрыны фадат ын балæвар кодтой дохтыртæ.
20 азмæ схъомыл ног фæлтæр. Уый Беслæны трагедийы тыххæй зоны хистæрты ныхæстæй. Фæлæ уыцы цауты архайджыты æмæ сын æвдисæн чи уыд, уыдоны зæрдæтæ абон дæр скъуынынц уыцы рыстæй. Ныртæккæ Зауырыл цæуы 30 азы. Æрвылаз æрбацæуы уарзон Ирыстонмæ. Уыцы бонтæ мысын зын у, фæлæ ардæм æрбацæуы, йæ фарсмæ чи цард, ахуыр кодта, худтис, уыцы чызджыты æмæ лæппуты цæсгæмттæм бакæсынмæ. Фыццæгæм сентябры скъоламæ чи æрбацыд, æмæ фæстæмæ хæдзармæ чи нал аздæхт, уыдонмæ.
Йæ пациенттæн дохтыр арæх фæдзуры сæфт рæстæджы тыххæй. Æнæмæнг рæстæг ахсы ахсджиаг бынат низ дзæбæх кæныны. Ам та, спортзалы, рæстæг цыма ныллæууыд, афтæ у: азты фæстæ къултыл нырма зынгсирвæзты æмæ нæмгуыты фæдтæ, фæрссагтæрхæгтыл – хъазæнтæ, дидинджытæ, дзуары нывтæ.
Ам алцыдæр ныууагътой, трагедийы фæстæ куыд уыдис, афтæмæй. Бæстыхай æрæмбæрзтой саркофагæй. Ныр ам республикæйы алы цæрæгæн дæр у сыгъдæг бынат. Фæстаг 20 азмæ Уæрæсейы бирæ цыдæртæ бавзарын бахъуыд, фæлæ сæрмагондæй Беслæны трагеди æнустæм аивта бæстæ.




