Уый нæ хынцгæйæ йæ царды сæйрагдæр нысаныл нымайы æхсæнадæн пайда куыст кæнын
Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар дæр у, Беслæны цæхæр йæхиуыл чи бавзæрста, ахæм чызг. Туаты Анастасияйыл уæд цыди æрмæстдæр 11 азы, æмæ бахызт 6-æм къласмæ. 20 азы фæстæ дæр йæ зæрдæйы рыст нæ къаддæр кæны. Уый нæ хынцгæйæ йæ царды сæйрагдæр нысаныл нымайы æхсæнадæн пайда куыст кæнын. Æмæ йын уыцы хъуыддаг æнтыстджынæй уайы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ
Августы кæрон центр «Мæ бинонты» уæлдай бирæ адæм уыд. Ам цæттæ кодтой, сентябры фыццаг бонты чи цæуы, уыцы акцимæ. Зæрдылдарæн нысантæ фæсарæйнаг æмæ уæрæсейаг делегацитæн, цæмæй æрымысой, чи бацарæфтыд, уыдоны рухс нæмттæ, стæй æрбалæууой, теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдоны фарсмæ. Волонтерты хсæн – 20 азы размæ аирвæзын кæмæн бантыст, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ.
Беслæны теракты рæстæг Туаты Анастасияйыл цыди æрмæстдæр 11 азы. Рахызт 6-æм къласмæ. Ныр 20 азы фæстæ йæ рыст нæ фæкъаддæр, – зæгъы чызг. Æппынæдзухдæр йæ зæрдæйы дары, скъолайы æнустæм чи баззад, уыдоны.
Урс футболкæтæ ауæрдгæйæ æвæрынц пакетты. Уыдоны фыстытæ дзурæг сты – Беслæн зæдты горæт кæй сси, уый. Стæй ма дзы гыццыл чызджы ныв дæр. Уымæн нæ бантыст фыццæгæм скъолайы рацæуын, æмæ ныр уыцы ныв сси трагедийы символ.
Волонтерты фарсмæ «Беслæны мадæлты» ассоциацийы уæнгтæ. 20 азы размæ куыд уыди, афтæ иууылдæр иумæ цæрынц ног нысантæ æвæргæйæ, фæлæ сæйрагдæр та у зæрдыл дарын, æмæ рох нæ кæнын.
Намыс бахъахъхъæнын. Ахæм хæс æвæрд ис, чи схъомыл, уыцы сывæллæтты раз. Афтæмæй дарддæр хæццæ кæнынц сæ хистæрты амынддзинæдтæ. Æмæ уый æнæмæнг раст у. Уымæн æмæ уыцы æртæ æнамонд боны йæхиуыл чи банкъардта, уыдон цæрынц сæхи, æмæ 20 азы размæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдоны бæсты дæр.




