филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:00 воскресенье, 14 декабря 2025
05 сентября 2019, 13:49
Беслæн тагъд рæстæджы æфсымæрдзинад сфидар кæндзæн Францийы Бургундийы провинцийы горæттæй иуимæ

Ууыл æрныхас кодтой Битарты Вячеслав æмæ ассоциаци «Франция-Европа-Беслан»-ы разамындимæ

Цæгатирыстойнаг Беслæн тагъд рæстæджы æфсымæрдзинад сфидар кæндзæн Францийы Бургундийы провинцийы горæттæй иуимæ. Ууыл æрныхас кодтой Битарты Вячеслав æмæ ассоциаци «Франция-Европа-Беслан»-ы разамындимæ. Нæ республикæмæ ссыдысты Беслæны саударæн мадзæлтты архайынмæ. Сæ фембæлды ма архайдта Рахизфарсы районы сæрдар Фрайты Сослан. Францусаг æхсæнадон архайджытæ Кристиан Матон æмæ Роберт Проспериум, стæй ассоциацийы минæвар Уæрæсейы Ольга Москвичева радон хатт ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй фидæнмæ скæной нысантæ се мгуыстадæн. Уый баст у фæллад уадзынимæ, адæмы реабилитациимæ. Ома 2004-æм азы Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонимæ. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй нæ иумæйаг хæлар ахастдзинæдтæ фадат ратдзысты Ирыстоны æмæ Францийы цæрджытæн хæстæгдæр сæ кæрæдзийы цардимæ, историимæ æмæ культурæимæ базонгæ уæвынæн. Уымæй дарддæр хъæуы фæндаггон картæ скæнын. Уый Битарты Вячеслав бабар кодта Фрайты Сосланæн. Республикæйы разамонæг уазджытæн загъта бузныг, ахæм æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй. Фембæлды архайджыты хъуыды уыд иу. Æрмæстдæр æмзонд æмæ æмдыхæй хицауад æмæ æхсæнад ахадгæ тох кæндзысты терроризмы æмæ экстремизмы ныхмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania