филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:42 воскресенье, 01 февраля 2026
03 сентября 2024, 12:06
Беслæны 3-аг бон цæуынц саударæн мадзæлттæ

Æртæ боны адæм цæуынц дидинджытæ мыдадзын цырæгътæ дон æмæ хъазæнтимæ

Беслæны 3-аг бон цæуынц саударæн мадзæлттæ. Æртæ боны адæм цæуынц дидинджытæ мыдадзын цырæгътæ дон æмæ хъазæнтимæ. Беслæны скъолайы æнустæм æрбынат кодтой зæрдæйы рыст æмæ æгæрон маст. Скъолайы кæрты æрхæндæг зæлтæ, залы сыгъд къултæ æмæ сабиты хуызистытæ…20 азы кæд рацыд, уæддæр адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ нæ дзæбæх кæнынц. Цæуынц сæ цæссыг нæ уромгæйæ. Ацы бонты алчидæр зæрдæйæ ис беслæйнæгты цур. Саударæн вахтæ абон ахицæн уыдзæн зæдты горæты. Минут æдзæмæй алæугæйæ арвмæ суаддзысты урс сартæ. Суддзысты мыдадзын цырæгътæ æмæ ныр 20-æм хатт бакæсдзысты 334 æдзард уды номы…

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania