Мæзджыты кæрты Цæгат Ирыстоны районты минæвæрттæ сæхи фæлвæрдтой сылгоймаджы, хæдзары æфсины куыстытæй
«Æфсинтæ». Ахæм сæргондимæ мадзал арæзт æрцыд Беслæны. Мæзджыты кæрты Цæгат Ирыстоны районты минæвæрттæ сæхи фæлвæрдтой сылгоймаджы, хæдзары æфсины куыстытæй. Фестиваль – конкурсы уыд не сфæлдыстадон къорд.
Гокъоты Любовь кæд Дзæуджыхъæуы цæры, уæддæр, мадзал «Æфсинтæ» -йы хабар куы фехъуыста, уæд æнæзивæгæй мадзалмæ æрбацыд . Тынг цымыдисæй каст æппæт архайджыты куыстмæ дæр.
Мадзал аразджытæ чызджытæн бацæттæ кодтой цалдæр ерысы. Се ппæт дæр баст уыдысты сылгоймаджы æрвылбоны цардимæ. Аив фынг саразын, хæринæгтæ æмбæлгæ уагыл ныккæрдын, сывæллоны дзыккутæ сбийын æмæ афтæ дарддæр.
Уæвгæ, «Æфсинты» фестивалы архайджытæй алкæй дæр фæндыд йæ арæхстдзинад бæрзонд æмвæзадыл равдисын, æппæт хæслæвæрдтæ æмбæлгæ уагыл скæнын. Ерысты жюрийы уæнгтæ та сæхи æвдыстой æцæг карз æмæ домаг æфсинтау.
Мадзалы архайджытæн Беслæны Мæзджыты кæрты арæзт æрцыд æппæт уавæртæ, цæмæй ерысты зæрдæхъæлдзæгæй архайой, уый тыххæй. Уыд сын сихор скæныны фадат дæр. Уæвгæ, Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хадзымураты ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзал райдзаст саразын сæ тынг фæндыд.
Ацы аз «Æфсинтæ»-йы архайдта авд командæйы. Иууылдæр хорзæхджынгонд æрцыдсты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уæдæ сабитæ дæр æнæ рæвдыдæй нæ баззадысты. Уыдонæн дæр «Æфсинты» бæрæгбон сæ зæрдæты лæудзæн хъæлдзæг æнкъарæнтимæ.




