Фыццаг ацыд Кировы районы, апрелы. Архайджытæ ерыс кодтой спорты 8 хуызы
Беслæны арæзт æрцыд Республикæйы сæргълæууæджы Кубок рамбулыны дыккаг къæпхæн сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты *хсæн. Фыццаг ацыд Кировы районы, апрелы. Архайджытæ ерыс кодтой спорты 8 хуызы. Кубок арæзт цæудзæн 4 къæпхæнæй. Йæ саразджытæ сты физкультурæ æмæ спорты министрад, стæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды регионалон хайад. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Цхуырбаты Зауырбег та ногæй ерыс кæны армрестлингæй. Ацы спорты хуызмæ уарзондзинад йæ зæрдæйы хæрз æрыгонæй сæвзæрд . Куыд раздæр, афтæ ныр дæр æвæлайгæйæ кусы йæхиуыл. Сæрмагонд æфсæддон операцимæ бахауд 2022-æм азы, афæдзæй фылдæр æххæст кодта йе *фсæддон хæс. Фæлæ 2023-æм азы уæззау цæфты фæстæ дохтыртæн нал бантыст лæппуйы цонджы хай æмæ къах аирвæзын кæнын. Йе *нæниздзинад куы фæфидар, уæд Зауырбег сфæнд кодта йе *ргом фæстæмæ спортмæ раздахын. Уæдæй нырмæ бирæ ерысты архайдта, уыимæ æппæтуæрæсеон æмвæзад кæмæн уыд, ахæмты дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты *хсæн Республикæйы сæргълæууæджы Кубокы архайынмæ зæрдиагæй цæттæ кодта, фæндыд æй йæ арæхстдзинад æмбæлгæ уагыл равдисын.
Шахмæттæ, шашкæтæ, нардытæ, столы теннис, армрестлинг, дартс, фат æмæ æрдынæй арæхстдзинад, стæй пневматикон хæцæнгарзæй æхст – сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн арæзт, республикæйы сæргълæууæджы Кубокы дыккаг къæпхæны ерыс цыд спорты 8 хуызы. Иу архайæгæн йæ тыхтæ бафæлварын йæ бон уыд уыдонæй дыууæйы.
Турнир саразджытæ сты республикæйы физкультурæ æмæ спорты министрад, паралимпаг æвæрæны спортивон скъола «Стимул», стæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды регионалон хайад. Кубокы дыккаг къæпхæн байгом кæнын кадджын мадзалы архайджытæн арфæйы ныхæстæ загъта фонды хайады сæргълæууæг Хетæгкаты Маринæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, спорт æрмæст удыхъæд нæ фидæр кæны, у адæмы иугæнæг фæрæз.
Ерыстæ цæуынц 4 къæпхæнæй, паддзахадон программæ «Физкультурæ æмæ спорты рæзт» æххæстгæнгæйæ. Кæройнаг къæпхæн ацæудзæн Дзæуджыхъæуы октябры кæрон. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцæудзысты Кады гæххæттытæй, майдантæй æмæ æхцайы премитæй.




