Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло
Беслæны дарддæр цæуы маисон комбинаты культурæйы хæдзары егъау рацарæзт. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Специалисттæ баивтой бæстыхайы сæр æмæ электронтыхдæттæг телтæ, сæвæрдтой ног трансформаторон дæлстанцæ, зынгсирвæзтыты ныхмæ сигнализаци, доны æмæ канализацийы æддаг хызтæ. Ныртæккæ цæуынц аивгæнæн куыстытæ. Сæрмагонд æргом аздæхтой бæстыхайы разуынды архитектурæ сног кæнынмæ – специалисттæ бавнæлдтой ахорынмæ. Хæстæгдæр рæстæг базилдзысты алфамбылай территоримæ дæр. Беслæны маисон комбинаты культурæйы хæдзар арæзт уыд 1937-æм азы. Фæстаг азты объект æнæкусгæйæ лæууыд, хъуыдис æй цалцæг кæнын. Нацпроект «Культурæ»-йы фæрцы бантыст райдайын бæстыхай ног кæнын. Аразджытæ зæрдæ æвæрынц, куыстытæ ацы азы кæронмæ фæуынæй.




