Йæ аххосаг – кæлæддзаг бæстыхайы ныр дыккаг хатт зынгсирвæзт кæй æрцыд, уый
Беслæны Гагарины уынджы цæрджытæ баззадысты æнæ цæрæнуæттæй. Йæ аххосаг – кæлæддзаг бæстыхайы ныр дыккаг хатт зынгсирвæзт кæй æрцыд, уый. Адæм сæ зæрдæ дарынц, ног фатертæ æнæ рады лæугæйæ, кæй райсдзысты, ууыл. Фæлæ сын бантысдзæн, æви нæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Беслæны Гагарины уынджы 54-æм хæдзары зынгсирвæзт æрцыд æмбисæхсæвы. Хацырты бинонтæ фынæй куы кодтой, уæд. Къулыл пецæй сабыргай судзын райдыдтой цары фæйнæджытæ. 8 фатерон подъезды цы 20 адæймаджы цæры, уыдоны райдыдтой сæ цæрæнуæттæй æддæмæ кæнын. Зынгсирвæзт тагъд ахуыссын кодтой, фæлæ арт йæ кæнон бакодта.
Ацы бæстыхай арæзт уыд 20-æм æнусы райдианты. Хацырты Ларисæйы дзы æрцæрын кодтой, программæ адæмы хуыздæр царды уавæртæм ракæнынмæ æххæст кæнгæйæ. Раздæр цардысты æмдзæрæны. Фæлæ куыд фæзæгъынц тæдзынæгæй цыхцырæгмæ. Йæ цæрджытæ уый размæ дæр арæх дзырдтой, сæ хæдзар кæлæдздзагыл банымайын кæй хъæуы, уый.
2018-æм азы радон зынгсирвæзты фæстæ, хæдзар нымад æрцыд кæлæддзагыл. Уæддæр сыхаг фатеры æрцыд ахæм хуызы зынгсирвæзт. Ныр 2 азы Уарзиаты бинонтæ цæрынц рæстæгмæйы фатерты.
Радон зынгсирвæзты фæстæ адæм кæм цæрой уый нал ис. Районы администрацийы, стæй республикæйы хицауады цы уынаффæ рахастой, уыимæ цæрджытæ разы не сты.
Ацы хæдзары цæрджыты рад хуыздæр царды уавæртæм раивыны фæдыл та уыдзæн æрмæстдæр 2025-æм азы.
Сæ сæйраг фарста – куыд цæрой дарддæр?, радтой Рахизфарсы районы сæргълæууæгмæ. Знон ын уыд фембæлд районы цæрджытимæ.
Зæрдæ бавæрдтой, фарста кæй алыг кæндзысты, фæлæ куыд тагъд, уый бæрæг нæма у. Афтæмæй уал уазæлтты зынгсирвæзты хæдзары цæрджытæ бон æддæдæр кæнынц.




