Нысантæм гæсгæ уыцы-иу рæстæг байгом кæндзысты цалдæр равдыстадон проекты, стæй документалон кинонывты равдыст
Беслæны йæ куыст райдыдта терроризмы профилактикæйы Æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслан. Школа номер 1». Нысантæм гæсгæ уыцы-иу рæстæг байгом кæндзысты цалдæр равдыстадон проекты, стæй документалон кинонывты равдыст. Центр йæ куыст райдыдта знон, 1-æм сентябры. Уый агъоммæ та йæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ацы скъола 2004-æм азы сентябры бавзæрста Уæрæсейы историйы æппæтæй уæззаудæр террористон акт. Абон ам ис терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон культурон-рухстауæн центр. Конд у 2 хайæ: реставрацигонд зæронд бæстыхайæ æмæ ног арæзтæй. Цалцæггæнæн куыстытæ фесты фарон. Фæлæ къултыл цæфтæ æмæ пырх кълæстæ хъуыды кæнынц уыцы 3 карз боны. Ацы агъуысты уыд скъолайы хæрæндон. Ардыгæй боевиктæ æхстой амæттæгты фæстæ æмбæхсгæйæ. Æдасдзинады федералон службæйы сæрмагонд дæлхайады кусджытæ террористтимæ тох кодтой æмæ уыцы иу рæстæг æхстыты бынæй ирвæзын кодтой адæмы.
Теракты чи фæмард, уыдоны ном арынæн хæрæндоны сæрмæ 2-аг уæладзыджы – зырзырæгты быдыр. Ам алцæмæн дæр сæрмагонд нысан ис. Чысыл дидинджытæ нысан кæнынц сывæллæтты. Стыр сырх бутонтæ –сылгоймæгты, фиолетонтæ та – нæлгоймæгты. Æрвхуызтæ сты сæрмагонд дæлхайдты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады рæнхъытæй чи фæмард, уыцы хъæбатырты номыл. Ацы дидинджытæ ракалдтой уæларвы, æмæ уымæ гæсгæ быдыр у урс. Æмæ суанг актон зал дæр хуымæтæджы нæ равзæрстой.
Литературæйы кабинет сси, линейкæмæ чи æрбацыд, уыцы нæлгоймæгты кæм амардтой, уыцы бынат. Къулыл æхстытæй алы фæд дæр – кæйдæр цард. Ацы агъуыст дæр, куыд скъолайы иннæтæ, афтæ йæ раздæры хуызы ныууагътой. Кълæсты фæнд кæнынц æмбырд кæнын, чи фæмард, уыдоны дзаумæттæ, цæмæй алкæйы ном дæр рох макуы уа. Агъуыстыты иу хай снысан кодтой, дунейы стырдæр теракттимæ баст равдыстытæн.
Ног бæстыхайы агъуыстыты – бирæвæрсыг æмæ проекцион залтæ. Уым-иу равæрдзысты рæстæгмæ равдыстытæ æмæ трансляцигонд цæудзæн документалон хроникæ. Музейы фæнд кæнынц аразын тематикон конференцитæ, форумтæ. Теракт æнустæм зæрдыл цы æрмæджытæ лæууын кæндзысты, уыдоны *хсæн амæттæгты чингуытæ, тетрæдтæ, дзаумæттæ. Уыцы цауты æвдисæнтæ ныртæккæ хъахъхъæд цæуынц музейы фонды, сты сæдæгæйттæ.
Теракты 20 азмæ ам бацæттæ кодтой цалдæр равдыстадон проекты. Сæ хыгъды – нывгæнæг-кинематографист Цæлыккаты Вадимы куыстытæ. Уый скодта графикон уацмысты æнæхъæн цикл. Йæ куыстыты равдыста уыцы æвирхъау бонты бæлвырддзинæдтæ.
Намыс бахъахъхъæнын ахсджиаг у. Ацы скъолайы алы сантиметры дæр ахъардта æнæаххосаг амæттæгты рыст. Зæронд скъолайы къултыл фыстытæ – дунейы алы рæттæй хъусынгæнинæгтæ, зæрдыл лæууын кæнынц, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сæ рысты иунæг не сты, уый.




