02 апреля 2024, 12:08
Беслæны кадджын уавæры йæ дуæрттæ байгом кодта Махъоты Ацæмæзы номыл сывæллæтты музыкалон скъола
Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг дзы фæнд кæны, Цæгат Ирыстоны иунæг чи уыдзæн, ахæм композиторты кълас байгом кæнын
Беслæны кадджын уавæры йæ дуæрттæ байгом кодта Махъоты Ацæмæзы номыл сывæллæтты музыкалон скъола. Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг дзы фæнд кæны, Цæгат Ирыстоны иунæг чи уыдзæн, ахæм композиторты кълас байгом кæнын. Ног бæстыхайы ис актон зал 160 бынатæн, æмæ 24 къласы хицæн ахуыртæн. Æвзонг музыканттæн самал кодтой ног инструменттæ: пианино, рояльтæ, фæндыртæ æмæ аккордеонтæ. Маэстро Махъоты Ацæмæзæн йæхицæн та, музыкалон скъола байгом кæныны бон саккаг каодтой æхсызгон хæрзиуæг. Амæй фæстæмæ хæсдзæн Беслæны Кадджын Гражданины ном.
темæмæ гæсгæ




