филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:14 воскресенье, 01 февраля 2026
02 сентября 2022, 11:27
«Беслæны мадæлтæ» сарæзтой æрвылазон пресс-конференци

Ныхас цыд, теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн социалон æмæ юридикон æххуыс кæныны гæнæнтыл

«Беслæны мадæлтæ» сарæзтой æрвылазон пресс-конференци. Ныхас цыд, теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн социалон æмæ юридикон æххуыс кæныны гæнæнтыл. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, хъыгдарбаййафджыты кæй хъæуы «теракты амæттагы» сæрмагонд статус, стæй уыдоны социалон хъахъхъæнынады тыххæй закъон. Ныхас ма цыд, кæй хъæуы дарддæр объективон иртасæн куыст кæнын. Комитеты æмсæрдар Гæдиаты Анетæйы ныхæстæм гæсгæ, Беслæны теракты фæдыл уголовон хъуыддаг æхгæд нæу. Ныртæккæ ма сбæрæг ноджыдæр иу террористы ном. Йæ мыггаг ын фехъусын кæндзысты, æмбæлгæ процедурæтæ æххæстгонд куы фæуой, уæд. 5 террористы нырма не сбæрæг сты. Иунæг азымджын Нурпаши Кулаев та арвыста курдиат йæ хъуыддагмæ ногæй æркæсыны тыххæй. Раздæр ма лæвæрдта ахæм курдиат, фæлæ разыйы дзуапп нæ райста. Комитеты сæйраг хæстæй иу у, теракты амæттæгты нæмттæ сæнусон кæнын, амынæты чи бахауд, уыдоны историтимæ алкæйы бон базонгæ уæвын кæм уыдзæн, ахæм бынат скæнын. Беслæны мадæлтæ радзырдтой, терроризмы профилактикæйы центры арæзтадон куыстытæ цы къæпхæныл сты, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania