филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:45 воскресенье, 01 февраля 2026
02 сентября 2024, 12:12
«Беслæны мадæлты» традицион пресс-конференци арæзт æрцыд ног æппæтадæмон культурон-патриотон центры

Сæйраг темæты хсæн – æбæрæг 5 мард террористы тыххæй иртасæн куыст адарддæр кæнын

«Беслæны мадæлты» традицион пресс-конференци арæзт æрцыд ног æппæтадæмон культурон-патриотон центры. Сæйраг темæты хсæн – æбæрæг 5 мард террористы тыххæй иртасæн куыст адарддæр кæнын. Уымæй дарддæр хатдзæгтæ скодтой организацийы 20 азы куыстæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай æргом аздæхтой Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ фембæлдмæ. Организацийы æмсæрдар Гæдиаты Анетæ куыд радзырдта, афтæмæй нæ бæстæйы сæргълæууæгимæ фембæлд уыд тынг ахсджиаг. Мадæлтæ Владимир Путинæн радтой, 20 азы дæргъы кæй æмбырд кодтой, æппæт информаци теракты фæдыл. Æмæ ма загътой, теракты амæттæгты кæй фæнды Президентимæ фембæлын. Владимир Путин Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн бабар кодта ахæм фембæлд саразын. Конференцийы ма ныхас цыд, Беслæны трагедийы хъыгдардбаййафджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Раздæры амынæтты реабилитацийы программæ адарддæр кодтой 2030-æм азмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania