филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:34 вторник, 03 ноября 2026
29 октября 2019, 17:00
Беслæны минæвæртты 7-æм æмбырдмæ фылдæр мандаттæ райста парти «Иугонд Уæрæсе»

Республикæйы центрон æвзарæн къамисы куыд зæгъынц, афтæмæй кæронбæттæн хатдзæгтæм гæсгæ ног минæварадмæ бацыдысты «Рæсдзæвин Уæрæсе», «Уæрæсейы патриоттæ», æмæ КПРФ-ы минæвæрттæ.

Беслæны минæвæртты 7-æм æмбырдмæ фылдæр мандаттæ райста парти «Иугонд Уæрæсе».

Республикæйы центрон æвзарæн къамисы куыд зæгъынц, афтæмæй кæронбæттæн хатдзæгтæм гæсгæ ног минæварадмæ бацыдысты «Рæсдзæвин Уæрæсе», «Уæрæсейы патриоттæ», æмæ КПРФ-ы минæвæрттæ. «Иугонд Уæрæсе»-мæ ис 10 мандаты, «Рæстдзæвин Уæрæсе»-мæ 7, «Уæрæсейы патриоттæй» Беслæны æмбырдмæ бацыд 2 адæймаджы, коммунисттæй та 1.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, хатдзæгтæм гæсгæ Беслæны æвæзрстыты архайдта хъæлæсгæнджыты 41%-æй фылдæр. Уыдонæй «Иугонд Уæрæсе»-йыл схъæлæс кодтой 46%-æй фылдæр. Дыккæгтæ сты «Рæстдзæвин Уæрæсе»- 31% фылдæр, æртыккæгтæ та сты парти » Уæрæсейы патриоттæ» — 11 % хæстæг. КПРФ-ыл схъæлæс кодтой 6% хæстæг, «Родина» æмæ ЛДПР-ыл схъæлæс кодтой иугай проценттæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania