24 июля 2019, 17:25
Беслæны раздæры фыццæгæм скъолайы аргъуаны арæзтад нысан кæнынц 3-4 азмæ фæуын
Алцы дæр аразгæ у фæрæзтæй. Ныртæккæ кæронмæ æмбæрзт фæвæййы йæ сæр, нывæгджытæ та аргъуаны рæбинаг хайы фыссынц дзуæртты нывтæ.
Беслæны раздæры фыццæгæм скъолайы аргъуаны арæзтад нысан кæнынц 3-4 азмæ фæуын.
Алцы дæр аразгæ у фæрæзтæй. Ныртæккæ кæронмæ æмбæрзт фæвæййы йæ сæр, нывæгджытæ та аргъуаны рæбинаг хайы фыссынц дзуæртты нывтæ. Уый фæстæ та райдайдзысты æрдынцарыл кусын. Уый у дæргъвæтин æмæ лæмбынæг куыст. Пайда кæнынц хæрзхъæд минералон ахорæнтæй. Куыстытæн разамынд дæтты ацы куысты фæлтæрдджын специалист Александр Солдатов. Йæ экизтæм гæсгæ ныртæккæ кусынц Дæллаг Новгороды нывгæнджытæ.

темæмæ гæсгæ