25 июля 2019, 13:24
Беслæны раздæры фыццæгæм скъолайы аргъуаны арæзтад нысан кæнынц 3-4 азмæ фæуын
Ныртæккæ кæронмæ æмбæрзт фæвæййы йæ сæр, нывæгджытæ та аргъуаны рæбинаг хайы фыссынц дзуæртты нывтæ
Беслæны раздæры фыццæгæм скъолайы аргъуаны арæзтад нысан кæнынц 3-4 азмæ фæуын. Алцыдæр аразгæ у фæрæзтæй. Ныртæккæ кæронмæ æмбæрзт фæвæййы йæ сæр, нывæгджытæ та аргъуаны рæбинаг хайы фыссынц дзуæртты нывтæ. Уый фæстæ райдайдзысты æрдынцарыл кусын. Уый у дæргъвæтин æмæ лæмбынæг куыст. Пайда кæнынц хæрзхъæд минералон ахорæнтæй. Куыстытæн разамынд дæтты ацы куысты фæлтæрдджын специалист Александр Солдатов. Йæ экизтæм гæсгæ ныртæккæ кусынц Дæллаг Новгороды нывгæнджытæ.
темæмæ гæсгæ




