филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
19 мая 2021, 14:20
Беслæны Сиговы уынджы хæдзар, зæгъæн ис, æмæ хæлы

Уыимæ хæлынц йæ цæрджыты ныфсытæ æмæ бæллицтæ

Беслæны Сиговы уынджы хæдзар, зæгъæн ис, æмæ хæлы. Уыимæ хæлынц йæ цæрджыты ныфсытæ æмæ бæллицтæ. Уæвгæ сæ бирæ нæ фæнды – æрмæстдæр сабыр, æнæмæт цард кæнын, æмбæлгæ уавæртимæ. Бæстыхай рагæй дæр нымад æрцыд кæлæддзагыл. Цæрын дзы æдас нæу. Фæлæ адæмæн æндæр гæнæн нæй, æмæ та алы амæлттæй сæ фатертæ бацалцæг кæнынц, æмæ сæ бонтæ дарддæр æрвитынц. Цы у уавæры аххосаг, æмæ йæ куыд ис аиуварс кæнын, уый базоныныл бацархайдта Гуытъиаты Алинæ, æмæ йын ныхасы бар.

Есенаты Анжелæйы æхсæз азы размæ бахъуыдис ацы хæдзарæй сыстын æмæ æндæр фатеры æрцæрын. Уымæл къул, æмбыд пъол æмæ æркæлынæввонг цар. Ахæм уавæрты йæ бон цæрын нæ уыдис. Хъуыддаг фæкарздæр ис, Анжелæйыл хуыфæг кæй бахæцыд, уый тыххæй.

Астфатерон хæдзар сарæзтой 1959 азы паддзахадон банчы кусджытæн. Уæд дзы æппындæр ницы уавæртæ уыдис. Уазæгдон уыдис кæрты. Хæдзарæн нæ уыдис фундамент, хъæдын фæйнæджытæ æмæ зæххы астæу иу метрæй фылдæр нæй. Хæдзар аварийоныл банымадтой 2015 азы. Фыццаг цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой, ног цæрæнуæттæ сын дыууæ азы æмгъуыдмæ кæй ратдзысты, уымæй. Ныр та сын зæгъынц, сæ хъуыддаг æрмæстдæр 2024 азмæ кæй сырæздзæн, уый.

Хæдзар цы цалцæг кæнай, цы ма кæнай — уæлдай дзы нæй. Касаты Райæ сæвæрдта пластиккæй рудзгуытæ, царыл дæр бахуыдта пластик фæйнæджытæ. Фæлæ уæддæр цар у æркæлынæввонг, къултæ згъæлынц, пъол та цы минут ныттондзæн, уый бæрæг нæй. Къæвдабон дон кæлы мидæмæ æмæ уый тыххæй зæрдæхсаинаг сты канализаци æмæ электрикæ дæр.

Кæд хæдзар кæлæддзагыл банымадтой, уæддæр цæрджытæ æрвылмæй исынц коммуналон лæггæдтæн квитанцæтæ. Уыйимæ бындурон цалцæгæн дæр. Рахизфарсы районы администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй сын фидын нæ хъæуы. Квитанцæтæ цæуынц автоматикон фæткæй.

Цæрджытæн куыд æмбæлы, афтæ ратдзысты ног фатертæ, цы фæзуæттыл цæрынц, уымæ гæсгæ. Фæлæ сæ дæттынц радыгай. Ныртæккæ уал ног цæрæнуæттæ райсдзысты, 2013 азы аварийоныл кæй хæдзæрттæ банымадтой, уыцы цæрджыты. Уый тыххæй иннæты æнхъæлмæ кæсын хъæудзæнис 2024 азмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania