филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:03 пятница, 19 декабря 2025
18 декабря 2025, 09:54
Беслæны спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы бассейны райдыдтой ахуыртæ сывæллæтты цалдæр рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн

Программæйы архайынц хистæр æмæ цæттæгæнæн къордты 180 хъомылгæнинагæй фылдæр

Беслæны спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы бассейны райдыдтой ахуыртæ сывæллæтты цалдæр рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн. Программæйы архайынц хистæр æмæ цæттæгæнæн къордты 180 хъомылгæнинагæй фылдæр. Ахуыртæ вæййынц къуыри иу хатт инструкторты æмæ хъомылгæнджыты цæстдардæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Беслæны спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæм вæййынц æппæтæй хъæлдзæгдæр æмæ пайдайагдæр ахуыртæ. Тренертæ сæ ахуыр кæнынц ленк кæнын, фæлтæрæнты фæстæ та сабиты бауадзынц хи аирхæфсын.

Хъазты хуызы тренер æвдисы сæрмагонд фæлтæрæнтæ. Æппæт ахуыртæ цæуынц медицинон кусджыты цæстдардæй. Кæд сывæллон доны арфæй тæрсы, уæд та йæм æххуысмæ æрбацæуы психолог.

Беслæны сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн спорткомплексы бассейны ахуыртæ цæуынц Рахизфарсы районы сæргълæууæджы æххуысæй районы администрацийы ахуырады управлениимæ иумæ. Ацы хъуыды хуымæтæджы нæ сæвзæрд. Ахæм ахуыртæ сывæллæттæн стыр пайда хæссынц, стæй сын сæ боны фæтк цымыдисагдæр кæнынц. Афтæмæй исынц хорз æнкъарæнтæ æмæ се нæниздзинад фидардæр кæнынц.

Спорт æмæ хорз зæрдæйы ахаст сты фидар иммунитеты нысан, зæгъынц специалисттæ. Уымæн æвдисæн у, сезоны низтæ куы стыхджын сты, уыцы рæстæг, ленк кæныны къордты архайджытæ цух кæй нæ кæнынц, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania