Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы реслубликон службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй знон медицинон æххуыс бахъуыди 14 сывæллоны
Беслæны сывæллæтты рæвдауæндæттæй иуы хъомылгæнинæгтæ рынчындонмæ бахаудысты инфекцион низы æууæлтимæ. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы реслубликон службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй знон медицинон æххуыс бахъуыди 14 сывæллоны. Сты алы къордтæй, æртæйы та дзы дзæбæх кæнынц амбулаторон уавæрты. Беслæны Сиговы уынджы 6-æм рæвдауæндоны абон райсомæй райдыдтой сæрмагонд службæтæ кусын. Лабораторон иртæстыты сбæрæг кæндзысты, сабитæ цы бахордтой, æмæ сын цы нæ батади, уый. Ныртæккæ бынаты кусы не сфæлдыстадон къорд дæр. Уымæ гæсгæ уæ бæлвырддæр хабæрттимæ базонгæ кæндзыстæм нæ дарддæры программæты.




