филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
02 октября 2020, 15:06
Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн баххуыс кæнынæн рахай кæндзысты 123 милуан сомы

Федералон бюджетæй субсидитæ радих кæндзысты медицинон æххуысæн æмæ социалон реабилитацийæн

Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн баххуыс кæнынæн рахай кæндзысты 123 милуан сомы. Федералон бюджетæй субсидитæ радих кæндзысты медицинон æххуысæн æмæ социалон реабилитацийæн. Фæрæзтæ рарвитдзысты хæстæгдæр 3 азы. Уый тыххæй ныхас цæуы федералон бюджеты проекты æрмæджыты. Уæлдæр технологон æххуысхъуаг сты 20 адæймагæй фылдæр. Фарон Паддзахадон думæйы бацæттæ кодтой закъоны проект. Уый теракты хъыгдардбаййафджытæн, æмæ 1-æгæм æмæ 2-æгæм къорды инвалидтæ чи сси, уыдонæн  бар дæтты фæсарæйнаг бæстæты хи дзæбæх кæнынæн, уыимæ паддзахадон фæрæзты фæрцы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон Думæйы депутат Цæгат Ирыстонæй Мæхъиты Зураб бахаста фæндон, цæмæй хаст æрцæуа, терактты хъыгдардбаййафджытæн хицæн закъоны проект. Æмæ ацы хъæппæрис хаст æрцыд федералон бюджеты хицæн пунктмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania