филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:29 суббота, 31 января 2026
31 июля 2019, 14:36
Беслæны террористон акты амæттæгты мысæн бонтæ ацы аз куыд бæрæггонд цæудзысты, ууыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ вице-премьер Азымты Иринæ

Беслæны террористон акты амæттæгты мысæн бонтæ ацы аз куыд бæрæггонд цæудзысты, ууыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер Азымты Иринæ. Æмбырдмæ хуынд æрцыдысты бæрнон кусджытæ æмæ «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ. 1-æм сентябры саударæн мадзæлттæ райдайдзысты 1-æм скъолайы кæрты. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæ æвæрдзысты дидинджытæ æмæ веноктæ, судздзысты сойын цырæгътæ. Спортзалы арæзт æрцæудзæн номарæн аргъуыд, бынæттон культурæйы хæдзары та уыдзæн «беслæны мадæлты» комитеты уæнгты пресс-конференци. Дыккаг бон уыдзæн æдзард сывæллæтты æмæ æфсæддонты номыл реквием. 3-æм сентябры дæр уыдзæн Хуыцауы номыл литургийæ. 13 сахаты æмæ 5 минутыл скъолайы кæрты ныццæгъдзысты дзæнгæрджытæ. Уыцы рæстæг æрцыд фыццаг срæмыгъд. Фæстæдæр скъоладзаутæ уæларвмæ суадздзысты шартæ. 13 сахаты æмæ 40 минутыл арæзт æрцæудзæн дзуæрттимæ цыд скъолайы кæртæй мемриалон комплекс «Зæдты горæты» онг. Уыцы бон æппæт Уæрæсейы дæр бæрæггонд цæуы терроризмы ныхмæ тох кæныны бон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania